Читайте также: |
|
Мæн фæкодтой мæ къæсæй
Мæ ахуыр хъæбултæ зæрондæй.
Ныр æцæгæлон бæсты
Æз æрвитын, хъæрзгæйæ, мæ бонтæ.
О, фæлыгъдтæн фыддзардæй,
Фæлæ зæрдæ йæ митыл нæ райы,
Ам дæ ничи — æрвадыл,
Ничи хион, хæларыл нымайы.
Кæс, хæхбæстæ — дæ разы:
Уалдзæг у, сисы дзывылдар цъиу-цъиу,
Кæсаг хуыдымы хъазы,
Къадздон комы ныххиутæ.
Сæрд — æхсыр æмæ хурæй,
Уым нæу тæвд, нæй дзы рыг йе дзынгатæ, —
Хор æрзайын кæ дурыл,
Суг, хъæбæр цыхт, — дæ къона у адæн.
Фæззæг бур у, цъæнутау. Нæ рæгътæ —
Фаст, рæсугъд чызджы фаззон дзыккутау...
Тагъд — зымæг, нард — дæ фосы рæгъæуттæ,
Хорæй дзаг у дæ куыройы къуту.
Зымæг карз у, ныззæй кæнынц миттæ,
Фæлæ сыхаг сыхаджы æмбары:
Нал — хылтæ, нал — æдзæлгъæды митæ,
Æмæ кæмтты ныййазæлы зарæг.
Сугтæ цадæгтай баппар дæ артыл, —
Уый дæ амонды хорз у, дæ пайда...
О Хуыцау, кæд нæ мæгуырæг цардæн
Нæ кæрон ис, нæ — райдиан?!
Мæлæтыл ничи кæны разы,
Сты адæм иууылдæр йæ цот...
Æрмæст дзы иу æрра лæг хъазы,
Йæ ном та у — мæгуыр поэт.
Цынæ цæлхдуртæ йын æвæры
Йæ разы — коммæгæс ын уа,
Уæд та уый худгæйæ фæзæгъы:
Дæумæ цы хæрзтæ ис, зæгъ-ма?
Сыджыты хъарм — уый у дæ артдзæст,
Фæлæ дзы цъиуызмæлæг нæй,
Æмæ кæимæ нуазон хъуамæ,
Фæззæг кæимæ кæнон най?!
10.01.96
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ИВГЪУЫД | | | ФÆСМОН |