|
Сыгъдæг амондмæ чи нæ-иу бæллыд?
Сæ былыцъæрттæ уымæ хордтой адæм.
Мæ рахиз фарс та, хионау, фæцыд
Æрра амонд — мæ ницæйаджы кадæн.
Йæ цин уыди — æнæсгæрст тох, фæндаг,
Æгъæдзар æмæ сонт лæджы къæбæртæ.
Æдыхæй алцы, алкæмæ — уæндаг,
Сыкъайы дзаг! — кæй ма хæссы йæ сæрмæ!
Уæд уымæ каст: æппæтдæр у нывыл,
Зæхх удæнцой кæны Бæрзонд Поэзи.
Фæлæ та ног цъæл арынджы къуымтыл
Æрхæцы цæст, æмæ та нал дæ хорзау...
Фæтыхстæн-иу: цы уыди, уый фæци!
Нæ сагдæртæн уыдзынæн æз сæ раздзог.
Цæмæй зыдтон: æрра амонд, кæм ц’ и,
Уый хорз зоны, лæгыл нæ цæуы комдзог.
Сылгоймагыл-иу банцади мæ уд,
Цы нæ у, уымæй уыд мæнæн æхсызгон...
Рæстæгмæ улæфт... Ау, æз дæн тæппуд?! —
Æз ме знæгтæн ыссардзынæн сæ зындон!
Бынсæфт кæнынц, мæ ныфс уа йе мæ хъару,
Сæ ныхмæлæууæг — цард-фыдæн æмвос...
Æрра амонд! Дæуæй æз туг нæ дарын, —
Куыдзы хæстæн йæ хъуын вæййы йæ хос!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 39 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | | | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ |