Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Aelig;вронг хъуыды

ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ | ТÆРС | ТЕЛЕФОН | ИРÆТТÆМ | УАРЗТЫ ФÆНДАГ | Уарзты уæзæгыл | ИРЫСТОНÆН | AElig;РДЗ | АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ |


Цымæ цæуыл тох кæны лæг,

Йæ цыбыр царды йын æппæтдæр

Куы дæтты æрдз? — Кæд æй хæлæг

Фæкæны зыд æмæ кæрæф дæр?..

 

Цынæтæ ракалы йæ хин,

Нæ хъæцы иу хорзыл йæ зæрдæ,

Æмæ та судзаджы æвзæртæ

Кæнынц бæсты бикъау сæхи.

 

Уæд уый куыд у!.. Æгæр-мæгуырæй,

Кæмæн нæу, дидинау, йæ цард,

Йе чи нæу уаз — йæ уынд, йæ кондæй?

Мæнмæ уæд иу хъуыды æгуыры:

Кæс-иу, æрцæудзæни дæ рад —

Мæлæт лæгыл нæ кæны хъоды!

УАСТЫРДЖИМÆ

Ирон зæд дæ,

Уæлæрвты тæхыс ды,

Уæлæрвты тæхын, чи зоны, дæ бар у,

Фæлæ-ма ракæс иу афон,

Тæрных,

Дæ адæммæ —

Сæ рыст удæй цы хъары!..

Цæрæнуат — нæй... Терк-Турчы сау фæндагыл

Фæцыдысты нæ фыдæлтæ,

Фæлæ

Кæм и нæ зæхх?

Нæ цæуæнтæ — кæуæнтæ.

Ызнаг дæ исы, —

Нæй цæуæн хъæмæ!

Фыдæлгъыст фод:

Мæнгард-амындæй чи у

Сæрхъызой Ирæн,

Ахæмтæ, бæгуы,

Нæ цæрдзысты...

Йæ райгуырдæй у —

Ничи!

Йæ мардыл никæй бахъæудзæн кæуын!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ| ИВГЪУЫД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)