|
I
Мæ Ир, æз дын дæ ном нæ мысын
Æмдзæвгæты, мæнг уарзты охыл!
Дæ урс хæхтæй цы зарæг хъуысы,
Мæн уый кæны æрвылбон тохмæ.
Æппæлын разагъды фыдæлтæй
Нæ хæссын нартау æз мæ сæрмæ.
Æхсызгон мын уæд у, кæмдæрты
Куы хъусын ахæм кой æндæртæй.
Мæ фыдæл тохмондаг нæ уыди,
Фæлæ тыхы рæстæг кæм нæ уыд:
Сæнтурсдзыкку мадыл нæ зынди
Йæ хъулон хъæбултæн сæ фæхъуыд...
Æнусон тох... Нæ уыныс развæд...
Алайнаг бæхæй саргъ нæ иста,
Æмæ-иу сау æфсургъæн алкæд
Йæ мыр-мыр туглæсæнæй хъуысти.
II
Ныр мæнæ, гъе, мæ хохы цъас, мæнæн
Мæ фыдæлтæй цы баззади — цæрæнуат.
Йæ кæрæттыл æххæссы цæст. Фæлмæн
Æрытауынц ам сау мигътæ сæ нымæт.
Сæумæйæ ног — æрвæрттывды тæмæн,
Уæд хохаг райгонд, амондджын у, хъал у.
Æз ацы къæсы райгуырдтæн, æмæ —
Ыстыр, чысыл у — ивинаг мын нал у.
Фæлæ уæддæр мæ зæрдæйы рæбын,
Æгъæдзарау, æваст нызгъæлы цæссыг.
Мæ фыдæл, хатын мæрдтæм дæр дæ зын,
Дæ цырты раз дæ хъæбул у къæмдзæстыг.
III
Уæвгæ, ныр ма цы рамбулæн и мастæй!..
Мæ Ир цы у, гъеуымæй у дзæнæт.
Хъæбулы уарзт куы нымаиккой азтæй, —
Нæ мын уаид уæд а зæххыл мæлæт!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
Уарзты уæзæгыл | | | AElig;РДЗ |