Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Нарты сырдон мæрдтыбæсты

ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН | ЗÆРÆДТЫ НЫХАС | ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! | AElig;ВЗОНГАДÆН | МЫГГАДЖЫ СÆФТ |


Читайте также:
  1. III. Нарты: добро и зло
  2. БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ

Хъазгæмхасæн

Дзæнæты къæсæр бахостон

Мæ фыдфынты...

Æцæгæлон,

Кæй нæй æндæр фæрæз,

Раст ахæмæй фæбадтæн уым

Фæрныг фынгыл

Æххормаг æмæ удæгасæй æз.

Фыр ыстонгæй ысурс ысты

Мæ мылытæ:

Ыскомдзаг кæ дын ничи зæгъдзæн уым.

Мæ алварс-иу æлхынцъæрфыг

Æдылытæ

Куы систой цоппай: мерс кæнынц сæ хуым.

Уæд гаджидæуттæ рауагътой

Фых хъуымызæй...

Фæлитой лæгæн уым уæздан — йæ ном.

Цæуылфæнды дæр дзур, æрмæст —

Фыдбылызæн, —

Цы дæ фæнды, уый макуы зæгъ æргом

Æмæ дын ном, бæрзонд хæрзтæ

Аслам аргъыл.

Хъæуа-нæ хъæуа бахуд та-иу. Цæр.

О, ис мæлæн, хъæбатырау,

Зæрин саргъыл,

Фæлæ цæмæн? Мæ сæрвæлтау — дæ сæр!

Нæ уарзтой нарт мæн рагæй дæр

Фæлывд лæгау, —

Фыдбылызæн сын райгуырдтæн, фæлæ

Цæйнæфæлтау мæ быллайы къус

Агургæ

Фæцæрон ам, фæлтау — цæугæ хъæмæ.

ХЪЫСМÆТМÆ

Триптих

I

Æз уарзтон дæу тызмæгæй дæр, мæ хъысмæт!

Зын уавæрыл нæ кæны хохагдис,

Куы бахъæуа — йæ хæдзар у йæ нымæт,

Хæринаг нæй — нæ фæкæны фæдис.

 

Цъæх уалдзæджы пысырайы æууæрстæй

Фæцæл кæны. Сæрдыгон та, бæгуы,

Цы лæг нæ цæуы, паддзахау, æфсæстæй, —

Кæм саунæмыг, кæм къабузæг, фæткъуы.

 

Ныллæууыд фæззæг! — Уый, мæ хур, бæркад у,

Бæстылыскъуыд нæ картофты кæри,

Фæлæ-иу цинты баивта йæ рады

Зымæджы тас: нæ даргъ фынгтæ — къæрис.

 

Тыхдымгæ-иу ныл рацыди уыраугæ,

Хъæрзаг тымыгътæ, мит фæлдзæгъдæн, хъызт;

Ныууарыди-иу залты мит уæрагмæ,

Уæд уый дæр уыд мæ цины сæр, мæ рыст.

 

Æххормагæй та тæрхæджы кæроныл

Æруадз дæхи. Сывæллон нал дæ, гукк!

Ныффæйлыдта-иу арт æмæ уæндонæй

Уæд рæвдз æппар дæ пецы лагъзмæ суг.

 

Тæлтæг уды кæдæм нæ хæссынц уæнгтæ,

Ныууагътон æз мæ райгуырæн къæсæр...

Мæ дард балцы æнæкæрон фæндæгтыл

Хæссын ныры онг иунæгæй мæ сæр.

 

Æхсæвæддæ ыстыр горæты астæу

Æз цал хатты ысбон кодтон, уæууæй.

Фæлæ мæ зынтæ никуы дзырдтон хъастæн,

Къæрттæй мæ цъула нал хауы мæнæй.

 

Æмæ кæд алцы бавзæрстон мæ удæй;

Æрдхорды мæнг, сылгоймаджы фæлывд,

Паддзахы фыдæх... Гъе уæддæр мæм худæг

Цы фæкæсынц, æндæр сæм нæй ысдзырд

 

Мæнырдыгæй æфхæрд ныхасы охыл...

Æз зонын иу хорз: комкоммæ цæуыс

Дæ нысанмæ, — фæстæмæ ма хæц рохтыл,

Дæ дугъонæн-иу мауал хат йæ рыст!

 

Фæсвæдæй дыл хъæхъхъаг куыйтæ куы рæйой,

Сæрыстырæй кæн иугъæдон дæ цыд,

Мæлæты бон зæгъдзæни уæд дæ куырой,

Цæуыл тыхстæ, цы бæркад æм æрцыд.

III

Æз уарзтон дæу фыдбоны дæр, мæ хъысмæт!

Мæ ацыдыл нæ фæуыдзæн дæ кой.

Æз хорз зонын, поэты уды рыстæн

Аминонмæ дæр никуы уыд æнцой.

 

Æмæ-иу ды фæгæдзæ кæ уæд, хъарæг!

Мæ ингæныл-иу ма скæнут æмбонд,

Уадз, уым нæра æппынæдзухдæр зарæг, —

Æхсæв уа, бон. Æхсæв уа, бон!

ИРЫСТОНМÆ

I

Кæм дын бæззон — дæу дæн, мæ Ир!

Нæ сæтты мæн фыдох уа, сау низ.

Цæф арсау цъитийыл цæрин,

Æрмæст мын уæд дæ ном уæлахиз!

II

Æз — хохаг, артудты цæуæт,

Ысхъæл мæ хъаруйæ, мæ ныфсæй,

Цы лæджы къухты бафта уæд

Мæ разæй намысы тырыса!

 

Ис бирæ а зæххыл, бæгуы,

Бæстæтæ, адæмтæ — парахат,

Фæлæ сæ чи кæмæй у, уый

Ныр, цу, æмæ фæрныгау рахат!

 

Манголтæ, ромæгтæ... Сæ кард

Ыстыгъта зæххы цъар чъылбызгай:

Æрцыди иу афон дæ рад,

Уæд райгонд у дæ тыр, дæ чызгæй.

 

Æз та — хæтæнхуаг скиф. Мæ ном

Сыгъдæг, — æрвæрттывды тæмæнау...

Нæ-иу дардта мæ фыдæл ком

Ызнаджы туг æмæ цæрæнтыл,

 

Фæлæ та-иу фæхаудта ног

Æндæр бæстæм: йæ цин — цæугæ цард.

Хæсты нæ фæллади йæ цонг,

Хуыцауæмсæр æм каст хæсгæ мард.

III

Кæддæр æз буц уыдтæн, бæргæ,

Мæ дард фыдæл, дæ ном, дæ кадæй,

Фæлæ цы ныууагътай, уæвгæ,

Мæнæн дæ цирхъ æмæ дæ фатæй?!

 

Чырсау нызгъæлæн ис дæ къæс,

Нæ феккуырст билцъ дæ тох, дæ рыстæй.

Фыдвæдау баззади æрмæст

Дæ номыл хохы цъас — Ирыстон!

 

Лæбурдта йæм ызнаджы зынг,

Фыдæх æй карды комыл хаста...

Æхсон дурау быхста йæ зын,

Æмæ-иу сау фæныкæй растад.

 

Кæм дын бæззон — дæу дæн, мæ Ир!

Нæ сæтты мæн фыдох уа, сау низ.

Цæф арсау цъитийыл цæрин,

Æрмæст мын уæд дæ ном уæлахиз!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 68 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ| МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.012 сек.)