Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЦИН ÆМÆ МАСТ

AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  3. КÆМÆНДÆР
  4. КÆМÆНДÆРТЫ
  5. КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ
  6. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  7. МÆ АДÆМÆН

Дыууæ тыхы кæнынц лæджы æвронг,

Сæ иу у цин, у иннæ уавæр — маст.

У цин — нысан, дæ тугвæллойыл баст,

Зыны-зынтæй йæм баххæссы дæ цонг.

 

Уæд маст та у — æнæнхъæлæджы, карз:

Нæ йæ фендзынæ халонау дæ уæны.

Æнус-æнус нæ тохы рындзмæ хоны,

Нæ йын фæразы сау лæгæты арс.

 

Фæлæ куыд зын у, оххай-гъе, мæ бон,

Куы хус кæна хуыдымы раз дæ ком:

Нæ дæтты бар дæ дойны суадзын рæстæг;

Куы ’рхауай ахæм судзаджы рыстмæ, —

Нæ уыныс тары развæндаг рæстмæ, •

Нæ дæм хъары нæ цин, нæдæр дæ мæстаг.

ЗНАГМÆ

Æмæ та аззадтæн æз иунæг

Мæ рох къæсы. Цы у фæсмон,

Кæд-иу æлгъысты уысммæ зивæг

Нæ кодтон æз, æхсæв уа, бон?

 

Гъе-гъей, мæн чи зыдта ызнагæй,

Нæма дын зæгъын нæ, хæрзбон! —

 

Зындзынæн та, кæсæны авгау,

Сыгъдæгæй æз, мæгуыр дæ бон!

 

Нæ дæ уагътон цæрын дæхи бар,

Фæлæ, ызнаг, кæмфæнды уон,

Уæддæр нæ фæцæрдзынæ хибар

Мæ уды зарæгæй, мæ бон!

ÆХСÆВЫ ХЪУЫДЫТÆ

I

Куыд тагъд цæуы, уæвгæ, нæ цард...

Сæрибары зæлтау мæм хъуысы,

Цы бонтыл-иу нæ кодтон тагъд,

Гъе уыдон рох цинæгтæ мысын.

 

Уæлдай мын сæ нæ уыди уæд:

Хæрзамонд уа, æви мæ риссаг, —

Цы ’рцыд, нæ-иу ыл кодтон маст,

Цы ’рцæуа, уый нæ кодтон диссаг.

 

Уарз дун-дунейы — уый мæ фæтк,

Кæй ном у ацы зæххыл

Номдар,

 

Гъе ууыл ис зæххон æууæнк,

Сыгъдæг йæ удыконд, йæ зонд уа!

II

Уый — рох ивгъуыд, ныр та мæ бонтæ

Фæкæнынц дугъон бæхау тагъд,

Æмæ лæмæгъарæзт фæсонтыл

Лæууы бæрнон хистæры уаргъ;

 

Æз хъуамæ зонон æй, æмбарон, —

Цы ’рцыд, æрцæуинаг цы у?

Цы худæг у! — Цыма сæ хъалон

Æрдзæй дары хæххон лæппу!

 

О, нæ! Фыдазары куы мæлон, —

Ызмисбыдыры арын дон...

Гъæтт, чи нæ бавзара, мæ боныл,

Кæмæн цы у æцæг мæ бон!

Уазал цæстæнгас


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ| AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)