Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

КÆМÆНДÆР

ТУЛДЗ БÆЛАС | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН | УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ |


Читайте также:
  1. КÆМÆНДÆРТЫ

Цæмæн хъæуы мæ ивгъуыд зонын дæу?!.

Нæ дзы уыд ницы уадиссагæй, хорзæй.

Æгомыг хох... Нæ йыл зайы мæнæу,

Хуыцауæй уа, йе адæмæй, — у рохы.

 

Сæрд уа, зымæг, фыдбон æмæ фыргуыст

Сæрыстыр хохаг амондыл нымайы:

Зæрдæйæ — циндзаст, фæлæ удæй — рыст,

Нæ зоны уый талф-тулф ныхæстæ, сайын.

 

Тæлтæг митæн кæмæн вæййы рæстæг, —

Дæ алы уысм дæр а цардимæ баст у!..

Хъæц ыл, мæ хур, мæгуырау уа, рæстмæ, —

Фыдохæн уа, хæрзæбонæн, йе мастæн!

 

Нытталынг и æппæт дунейыл хур,

Дæ къæсыл ма фæстаг тынтæ æппары,

Бæсты бæрзæндæй, — гъе уæд, гъе, мæ хур, —

Ныййазæлдзæн фæндыры цагъд, дæ зарæг...

 

Ныууагътон æз мæ рагбонты цин ам,

Фæлыгътæн дард: кæмæй, цæмæй? — нæ зонын...

Рæсугъд æмæ ыстыр горæты хъарм

Кæмæ нæ кæсы аивдæр, æхцондæр.

 

Фæлæ... Хъысмæтæн хъулон фырттæ нæй,

Цыфæнды дыл куы ауда дæ амонд,

Уæддæр ма дæ æркæндзæни, уæууæй,

Дæ мидтæрхонмæ сом уа æви абон!

 

Æз бамбæрстон: нæ дын аргъ кæны лæг,

Нæ дæ тæрсы, йе дæ нæ кæны уарзгæ,

Уæд дæ йæ цуры ницæйаг, ныллæг, —

Уæд нæй уæлдай дæ удæгас, дæ мардæй!

 

Æз кодтон аргъ дзылыйæн дæр, мæгуыр, —

Хæхбæстæй баззад уыцы хорз мæ уды,

Тæрсынтæ æз нæ базыдтон, бæгуы,

Мæнæй чи тарсти, уый мæм касти худæг.

 

Фæлæ мæ уарзт... Дæу уый зонын фæнды?! —

Уый цардау у æхцон æмæ рæстæгмæ...

Æз кæй уарзтон, — фæнды фæу уый ды, —

Фæзынд æмæ дæм нал цæуы хæстæгмæ...

КÆДДÆРЫ УАРЗОНМÆ

Мæн уыдтæ ды, æмæ нæ сау зæххыл

Мæнмæ æндæр æнхъæлмæгæсæг нал уыд:

Рæсугъд, уæздан... Сæурайсомы цъæхыл

Дæ цуры уæвын хурæн дæр цы бар уыд!

 

Куыд уарзтон æз уæд а дунейы, куыд, —

Фыдбоны дæр-иу феккуырсти мæ зарæг!

Æнæ дæу мæ уæлион цард нæ хъуыд —

Мæлæтимæ нæ кодта иу нæ арæн.

 

Дæуыл æз афтæ ’ууæндыдтæн, æмæ

Мæ кой, мæ хъæр куы нал хъуса нæ дзыллæ, —

Зындонæй дæм ыздæхдзынæн хъæмæ,

Дæ цырагъ мын фæндагсарау уыдзæни.

 

Ныккæрзыдтон-иу: а рæстæджы уарзт

Ау, нал æвзары хорз æмæ æвзæры,

Æви бынтондæр нæй?! Гъе ацы фарст,

Мыййаг, кæд дуджы азарæй æвзæры!..

 

Уæдæ ма уæд куыд цæргæ у зæххыл?

«Уон æви нæ?!» — сси ацы хъуыды худæг.

Æфсарм, рæстыл дзæгъæлы у дæ хыл,

Нæ цард — цыбыр, æрмæстдæр тыхс дæ удыл?

 

Ды, чи зоны ’мæ раст уыдтæ, мæ хур,

Фæлæ йæ зонын: раджы уа, æрæджы,

Нырттивдзæни дæ сæрмæ иу бон хур,

Уæд базондзынæ, чи нæ цыд куырмæджы!

***

Мæ амонд дæ, мæ хъизæмар, мæ зын,

Дæ фарсмæ æз къух ауигъын мæлæтыл,

Фæлæ — кæйдæр... Фæсайдта мæ мæ фын,

Уæддæр мæ зæрдæ хивæнд у, нæ сæтты.

 

Нæ сау зæххыл цынæтæ кæны лæг, —

Йæ фаты бырынкъ баныдзæвы хурыл,

Цынæ хорзæхтæм бакæны хæлæг,

Мæн та фæнды æрмæст уæвын дæ цуры.

 

Æмæ хуыцæуттæ, адæмтæ зæххыл

Куы сбииккой сæ уаз бæллицтæ хохыл, —

«Нæ мæ хъæуы уæ хæрзиуæг», — зæгъин,

Нæ йæ баивин де схъæл цæсты хаутыл.

 

ЗАРÆГ

 

Уарзын... О, цы дзырд сафтид ис

Денджызы хъузгау мæнæн.

Оххай, мæ зæрдæ куыд рафтыдис,

Чи йын ыскодта кæлæн?

 

Уынгты, дæ фæстæ дзыназгæйæ,

Царддæр куы айрох мæнæй,

Ау, уæд куыд раджы ысразы дæн

Састы бынатыл, уæууæй!

 

Дунейыл ницы уыд аивдæр

Де ’рвон æнгæсæй, мæ бон:

Зæдты зæдыл дæр дæу баивын

Никуы нæ уыди мæ бон!

 

Хуры ыскастæй йæ ныгуылдмæ

Рацæр дæ удмæ æввахс, —

Уый уыд мæ бæллиц... Лæджы фыртмæ

Ахæм уысм арæх нæ каст,

 

Æмæ кæд иу чысыл ахаста

Уыцы зæрин дуг, мæ хур,

Æмæ кæд ды мæн нæ бауарзтай,

Гъе уæддæр арфæйаг у!

 

ФЫН

 

Ферох мæ алцы, Гыцци!..

Рохы мæ зынтæ, нæ хорзæхтæ.

Ахсæв фæйлауы мæ цин, —

Ахсæв, мæ мидфынмæ фездæхтæ!

 

Зонын æй, ингæны дуар

Райсом уæгъдхъуырæй дæумæ кæсы

Фæлæ æрдæгфынæй буар

Мады рæвдыдыл кæм нæ тæфсы.

 

— Цæй-ма, цы кæныс, хъæбул,

Æви дын амондмæ байрæджы?

 

— Ницы, Гыцци, фæлæ хур

Афтæ куыд ахуыссы, уа раджы!..

 

МÆ САБИБОНТЫ УАРЗОНÆН

 

Мæстæй-иу мардтой мах: рæхджы

Нæрдзæн уæ чындзæхсæвы зарæг.

Æнæмæт сабитæ... Уæд дзы

Мæнæй лæгдæр нæ зынди дардмæ.

 

Ды та? Æмбæхстай-иу, мæгуыр,

Дæ рæсугъд цæсгомы дзыгъуыртæ,

Æмæ-иу хъазыд дымгæ — цырд —

Дæ цыбыр къабайы бызгъуыртæй.

 

Ныр мæнæ бадын: цауд, фæллад,

Дæ хæдзары фæздæг уæ комæй

Фæцыд уæларвмæ: кад у, рад, —

Кæныс уæлибæхтæ мæ номыл...

 

Дæ уæздан лæг кæны лæггад

Йæ цыты уазджытæн рæдауæй, —

Кæмдæр мын баххæссы æрвад,

Æппæлынц дзы йæ ком, йæ адæм.

 

Ды та? Ыссадæвдылд æрмттæй

Дæттыс мæнмæ дæ кады нуазæн.

Цымæ Хуыцауæн нæй зæрдæ,

 

Æви нæ цард æдзухдæр хъазы?!.

***

Зæдау — уæздан, уындæй бæгуы

Дæ рæсугъд саугуырм кæны хуры.

Æз та... Æвæлмон лæг, мæгуыр,

Сæрыстырæй цыдтæн дæ цурты.

 

Æмбæрстон æй: æнустæм нæу

Нæ фæндаг иу, уæддæр нæ састæн:

Мæнæн æгъгъæд уыди фынау

Цыбыр уысм амонд æмæ уарзтæн.

 

Æмæ ысси мæ иунæг куыст, —

Фæндыди мæ, цæмæй æрхуымæй

Дæ зæрдыл бадарай мæ хуыз,

Цы сагдæртæй нæ уыдтæн, уымæй!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 50 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС| СÆРДЫГОН ИЗÆР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)