Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Тулдз бæлас

ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ | ХЪÆУ ЗЫМÆГОН | ХÆРЗБОНЫ УЫСМ | ФЫСТÆГ | ХÆХХОН ÆХСÆВ | ХÆС |


Ысбæгънæг хъæд. Æдзард сыфтæртыл

Сæу æртæх гагайæ кæлы:

Куырмау йæ гом хихты æхсæнты

Æнкъарддымгæ сыф-сыф кæны.

 

Ыстыхсти уазал æмæ тасæй

Зæронд тулдз. Нал лæууы зæнгыл,

Уæддæр æм алчидæр æлвасы

Йæ рог цæнгтæ сырдæй, лæгæй.

 

Æрбынат кодта мæнæ хъæддзау

Йæ дæлбазыр. Нырттывта арт,

Æмæ зыц мæлцзыджытæ барцзæй

Ныггуылф коцтой, сæ дæнцаг — арц.

 

Сæ уæле пухкъæцзил æхсæрæг —

Фæрныг йæ хуыккомы цæры;

Æркув-æркув кæны йæ сæрæй

Нæ тулдзыл халон дæр, мæгуыр!

 

Изæр йæ дæлфадæй нынкъуысы,

Куы йыл æртухы мигъ йæ кæрц,

Æмæ уæд хус сыфтæртыл хъуысы

Уæззау йæ цæссыггы къæрцц-къæрцц.

***

Æрцæудзæн тагъц мæ цинвæнцагæн, зонын,

Йæ кæрон, — царц мæнг у, фæлæ уæццæр

У йемыдзаг рæсугъд хъуыды, фæндтæй

Мæ уц, ацзалæн дугъонау нæ комы.

 

Мæ царц цы уыд? — фæдисы хъæр, зындон.

Æви фæлитой амондæн — æмцзæрин,

Нæ мæ хъæуы мæрцтыбæсты сызгъæрин,

Ныррухс-иу мын кæ, сфæлдисæг, мæ бон,

 

Нырма мæн бирæ-бирæ ис хъуыддæгтæ,

Хæссынц æрхæндæг, цинтæ æви тас,

Нæрæмон зæрдæ уыдоныл фæлæууы...

Нæй рæстæгæн фæивгъуыйæн йæ фæткæй:

Æнæмæлæт, кæд мæ æмбаруг раст,

Мæн сусæны цырен артау нæ хъæуы.

ПЫЛЫ ЦÆССЫГТÆ

Цирчы пылыл зæфцы фыдæй сирвæзт арт...

Газетæй

Нынныгъуылы къуымы æргъæвстау,

Ныззоныг йæ уæраджы хъултыл...

Пыл судзы... Йæ уды тыхстæй ма

Рæдувы йæ ахæсты къултæ.

 

Æххуысгæнæг никæй нæ уыны.

Нырризынц йæ гуыр уа, йæ зæнгтæ.

Йæ фидар фæсонтыл фæзынынц,

Фæдисæттау, арты æвзæгтæ.

 

Ныссаста æфсæнæхгæд дуæрттæ,

Æддæмæ ма рахызт... Ысразы

Мæлæты тæрхоныл. Уæд уæртæ

Йæ хицау дæр иу афон разынд.

 

Ныккасти йæм сонт пыл æдзынæг,

Тæргай сывæллонау, йæ рысты,

Тымбыл къухы стæвдæн цæссыгтæ

Нызгъæлдысты, ризгæ, йæ рустыл:

 

— Мæ тæригъæд дæ уа, фæхастой

Мæн джунглийы хъæдæй æхсныфау:

Мæ фæд дæр нæма зынд мæ фæстæ,

Нæ бафсæстæн мады æхсырæй.

 

Мæ мад дæр ды уыдтæ, мæ фыд дæр,

Мæхийау — æнæхицау, иунæг.

Гъе уымæн нæ кодтон дæ дзырдмæ

Æз диссаг æвдисынмæ зивæг.

 

Нæ дæ хъуыди никæд, мæ боныл,

Мæ курдиат, мæ арæхстыл дзурын, —

Ныр мæнæ ам, бæсты кæроныл,

Сæ азар мæн судзы...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ| ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)