Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН

ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД |


Хъæбул, рæхджы нырттивдзæн хæхтыл бон, —

Сæ рæсугъд зардæй хъæд ыссыгътой цъиутæ.

Æрыхъал у дæ дард балцмæ, мæ бон, —

Æдзæугæ нæй, уæд макуы кæ фæстиат!

 

Дæ сираг бæх — æвзистæхгæд, лæууы,

Дæхи удау æм базил-иу æдзухдæр, —

Болатдзæфхад, нæ зоны уый кæлын,

Æдзæлгъæды йæ макуы аскъæр дугъы.

 

Хæцæнгæрзтæ кæсæнау дар сыгъдæг, —

Ызгæ хъама лæгæн нæ кæны намыс...

Æфснайд æй дар, куы нæ кæнай уынгæ, —

Куы бахъæуа — йæ кæрддзæмы йæ ма тъысс!

 

Зæххы къорийыл бирæ хæрзтæ ис:

Бæстæтæ æмæ адæмтæ — æгæрон,

Сывæллонау сыл макуы бакæ дис,

Æгъдау кæмæ нæй — ма йæм цу æмгæрон;

 

Дæ бон цы у, цы нæй, уый базон хорз...

Цæмæ арæхсыс, уый нæ комы зæрдæ,

Уæддæр ыл хъæц... Мæнг кад ыскæны ном

Æнамонд æмæ судзаджы æвзæртæн.

 

Нæ кæнынц адæм ахæмтæн æгъдау,

Рæстдзинадæн-иу макуы бафт йæ цæсты:

 

Цы нæ зонай, уый бафæрс — диссаг нæу,

Цæмæй æндæр хатт мауал уай къæмдзæстыг.

 

Æппæт фæндæгтæ, денджызау, дæ разы,

Сæ зындæртыл лæгау лæг хæссы рæз,

Фæлæ-иу зон: Ирыстонмæ дæ фазыл

Быргæ куы уа, уæддæр ыссар дæ къæс!

 

Ды уый хъæуыс фыднизæй саст, мæгуырæг,

Чъылдымырдыгæй ма у цæф æрмæст!

Нæрдзæни зарæг, рох къуыммæ кæсынæй,

Дæуæн уæд нал æфсæддзæнис дæ цæст!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ| ЧЕСЕЛТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)