Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыды хъарæг цæрынхъуаг хъæбулыл

СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН | ХОХАГ ЗÆРОНД УС | ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС | КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ |


Читайте также:
  1. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ
  2. СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ

Гаглойты Валодяйæн

Ехх,

Мæнæ дунейыл цæй рухс бон

Ныккодта, —

Хур зæхмæ æлвасы йæ сызгъæрин

Тынтæ!..

 

Æз ницыуал хатын, мæгуыргурау,

Сонтау, —

Ды

Сыджытмæ цæуыс, мæ хъæбул!..

Мæ зынтæ

Æз нал кæнын диссаг... Нæ мæрддзыгой

Адæм

Сæргуыбыр, къуытты сты. Кæд алкæмæ

Хъары:

Мæ цард мын æнæ дæу кæй нал уыдзæн

Адæн,

Мæлæт нын цæлхдурау кæй ыскодта

Арæн!..

 

У,

Ног чындзы уатау дæ ингæн

Нывæфтыд:

Йæ къултæ — æрмæйлæгъз, зæдбадæнау

Хъарм у...

 

Ды нал æрцæудзынæ æнустæм

Мæ тæфтыл, —

Хъысмæты тæрхонæн лæг алцыдæр

Бары.

 

Фыццаг хатт уынын æз мæ дунейы

Диссаг:

Дæ тæлфгæ æнгуылдзтæ — æндзыгæй

Дæ риуыл.

 

Кæд æрдз дæр фæзоны хуыздæрæн

Цы иса...

Цæссыг мæ нæ хауы, мæ зæрдæ дыл

Ниуы!..

 

Адзал та кæм хъæцы йæ иударон

Зиуыл, —

Дæ сырх уадултæ мын ныр адардтой

Цикъæ...

 

Зæрондæй мæ уадзыс уæлæуыл,

Мæ иунæг, —

Хъæбулæй ыскæуæг мыл нал уыдзæн,

Никуы!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДÆЛЛАГ ГАЛ| AElig;РГОМ НЫХАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)