Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН

ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | РУХС ИЗÆР | КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ | ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД | МА ТÆРС... | АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | ФÆЗЗÆГ | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ |


Читайте также:
  1. Венок сонетов
  2. ВЕНОК СОНЕТОВ - УСКОРИТЕЛЬ ДУХА
  3. Сонет (фр.) подражая Гумилеву Н.
  4. СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ
  5. СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ
  6. Сонет о переводе

Ды ацыдтæ. Уый мартъийы хъызты

Мæ уæхсчытыл æрæнцади дæ табæт.

Цы ма сты ныр цæссыгтæ æмæ сау мæт! —

Дæ рæвдыдæй нæ сахуыр дæн рыстыл...

 

Ныр мæнæ афтид къонайы рæбын

Æрмттæдæлармæй бадын æз, гыцци...

Уый ауæзт донау атыдта мæ цин,

Мæ тызмæгæн та разынди йæ бын.

 

Цыма æнусон саби у дæ фырт

Æмæ йæм нал ис хионау ысдзырд, —

Кæйдæр æвзæгтæ цъах-цъах сисынц кæрты...

Мæлæтау ма мæ хъуыды у бæлвырд:

Рæстдзинад — уый дæуæй фехъуыстон дзырд,

Йæ сæрвæлтау адзалæн дæр нæ сæттын!

КАР

Цыдтæ. Дæ фæстæ хины сырдау кастæн.

Мæ хъуыды уыд: о ме скæнæг, — табу!..

Æрцыд кæрон дывыдойнаджы уарзтæн, —

Сæрибарыл кæм нæу хъæцаг лæппу.

 

Æрцарди ивгъуыд ног билцъау мæ хуымы,

Æмæ йыл кодтон къухæмдзæгъдæй дис:

— Æз иунæгæй цы саразон, гъе уымæй...

Хъуынæй нæ атондзынæ хъис!

 

Мæ цины мæргътæ зилахарæй систой

Сæхи бæрзæндты, — фервæзтæн дæуæй...

Лæг хорзæй-хорзмæ авд æфцæгыл хизы,

У йе ’намонд та иу боны фæудæй.

 

Дæу асайдта æндæр дуне, рæухæрзтæ

Кæм ары лæг æнцад-æнцойæ... Зон,

Хъыг мæм кæсы, кæй нал баци дæ фæстæ

Мæ сонты бонтæ раздахын мæ бон.

 

Фæсмоныл нæу, нæдæр кæнын æрхæндæг.

Цы бауарзон, уый сæфтæй дæр мæн у...

Зæры бонмæ кæндзынæ ды тæрхæттæ:

Дæ лæджы хорз, æви мæ ном мæнг у?..

***

Мæ мидфынты дæ нал арын, мæ бон,

Фæлæ дыл баст у цуанонау мæ хъуыды:

Зæрин саг дзы нæ ирвæзы æвыдæй, —

Йæ фæд-фæд зилы сау мæйдар уа, бон;

 

Æмæ ныссаст. Цæуыл тыхсы æниу:

Йæ алвæрсты æвзаргæ сырдæй — халас,

Кæд дæ фæнды сыкъайæ дæр дзы рацахс, —

Уæд ма йын ацы сау хъуырдухæн циу?

 

Фæлæ ис тых, — зæрдæйы фæтк, — уый раджы

Ысфæлдыста йæ хурвæлыст æрмадзы

Рæсугъддзинады бардуагау дæ сурæт,

 

Æмæ йыл тагъд куы рацæуа тыгъдызæй,

Куы нал æй суадза урс уылæн йæ бынæй,

Мæлын ма йæ уæддæр фæнды дæ цуры.

КÆДДÆРЫ УАРЗОНМÆ

Кæс-ма, куыд хъазынц цъæх нæууыл нæ фырттæ,

Æндæр лæгæй, æндæр усæй, уæвгæ.

Цы ма давынц фæлмæн ныхас, рæудзырдтæ,

Фæстиат амонд удхар у лæгæн!..

 

Фæцыдтæ ды мæ ницæйаг ныхæстæй

Фæлмæцæгау. Цы ’рцыди, уый æрцыд...

Ныббар, æвзæрæй баззадтæн дæ цæсты,

Уæддæр ма дын æргом зæгъын мæ дзырд:

 

Æз а дунейыл иу хорз дæр нæ сафын,

Фæлæ ма мæ сæрыстырау фæнды:

Бынсæфтæй мæлон, кадимæ, — фынафон

Мæ цæсты раз уæддæр куы лæууис ды!..

***

Уæд арв цъæх-цъæхид уыд, фæлмæн,

Рæумигътæн нал зынди сæ пакъуы...

Куывтон: дæ урс риуты æгънæг

Уæгъдæй-иу мачи фенæд, макуы!

 

Уый афтæ тынг уырныдта мæн,

Æмæ дзы кувын дæр нæ хъуыди!..

Фæстаг хъæбыс кæнын дæуæн

Мæ хиуарзон æмæ мæ зыдæй.

 

Кæй уарзтыл, дам, нæ дары сау

Нæ уарзты бардуаг, уыдон — хъулон!..

Фæлæ мæнæн уыдтæ æвгъау,

Кæмæндæрты та, — хъазæн хъулау!..

 

Нæ, ахæм хъуыдыйæн лымæн

Куы нæ дæн æз, — йæ къæсæй хаст дæн...

Ды сдæ æцæгæлон мæнæн,

Хуыцау! мæ удмæ та —

Æввахсдæр!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ| ХУДÆДЖЫ СОНЕТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)