Читайте также: |
|
Ысбæгънæг хъæд. Хур арвы къуырфæй рахызт.
Йæ рухс тынтæй уæнг нал хæцы уæнгыл...
Æнхъæлмæ кастæн æз дæумæ,
Бæрзонд уысм, —
Æхцон æнкъарддзинад
Куы сагъуыйы лæгыл.
Мæ къæхты бын хъæрзгæ æрхуыссы сыфтæр,
Æмбæрзы цадæг бур хъæццулæй зæхх.
Фыдуаг сырддонцъиу
Зæрватыччы бынтыл
Æрцард:
Йæ къæс у рухс цардæн — уæрæх.
Ныссабыр дуне. Дон фæци йæ зарæг.
Кæд ууыл дæр мæрдвынæй бафтдзæн тагъд...
Æрвнæрæгау ныууасы комæй байраг, —
Кæны ма чидæр фарны къæсмæ тагъд.
Мæнæн цыма нæй ивгъуыд йе та фидæн:
Мæ зынтæ — рох, мæ цины бонтæ — барст.
Бæллиццаг къæс мæм никæцæй, нæ сиды,
Æмæ уæд цу дæ нысанмæ æмраст!
Уый сайаг у, уæддæр ыл ма кæ хъоды.
Кæд а дунейыл уаздæр амонд нæй:
Фæстаджы бон ысразы уа дæ зондыл
Ызнаг дæр; ма уа хъастгæнæг дæуæй.
Цы фæцардтæ — фыдæбонæн, йе адæн, —
Уадз фод ныфсы хос дзыллæйæн, мæ хур!
Æмдзæвгæтæ фыссынц
Æрмæстдæр
Кадæн,
Поэт та у йæ адæмы бындур!
Кæд, чи зоны, нæ цард æцæг зындон у,
Уæддæр зындоны ничи хоны цард,
Уадз судзæд Иры,
Оххай-гъе, мæ боныл,
Æнус-æнус
Хæлардзинады арт!..
ЗÆРДÆВÆРÆНЫ ÆМДЗÆВГÆ
Тагъд ныллæудзæн къæвда. Бæрзæндты
Сисдзæн цæргæс йæхи, æмæ кæс,
Арф кæмдæр дуртæ ууилгæйæ кæмтты
Ног ныннæрдзæн дæтты хъæлæс.
Цыма фесты сæ уындæй къæмдзæстыг,
Арвы айдæны федтой сæхи,
Хæхты сатæг уæхсчытæн хъуыздзæни
Галы комы фынкау сæ хид.
Байраг цъæх нæумæ фехсдзæн йæ дзылар,
Мæргътæм сиддзæн сыфтæр къухæй хъæд..
Цæй-ма, феккуырсæм мах дæр, мæ хæлар,
Риуы айсæфа иуцъус нæ мæт.
Зæрдæ рагон зынты ныхмæ уарт у,
Фæлæ иубон фæзæгъын хъæуы,
Мах нæргæ амонд агургæ царды
Хатт æппæтдæр кæй фесафæм, уый.
Æз куы нæ уон хъысмæтимæ разы, —
Гъе уæддæр мæ нæма кæны рох:
Кæд нæ фембылд, мыййаг, у уæлахиз,
Йе кæронмæ нæма фæци тох!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | | | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ |