Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Давид-сослан курайы былыл

ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ | ЧЕСЕЛТГОМ | ПОЭТÆН | ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ | ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ | БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | РУХС ИЗÆР |


I

Изæрмилтæ. Ныддаргъ мыл ис мæ фын,

Уæддæр мæ нæудзарм гобанау æлвасы.

Рæудымгæ хуымтыл азилы, тæлфы,

Йæ хъыдзы-хъазтæй бур æфсир æртасы.

 

Куыд рæсугъд дæ, Гуырдзыстоны æрдз, куы,

Дæ фицыцæй цзæнæт кæны æфсæрмы...

Æрдыны къæдзау — гагадыргъ, фæткъуы...

Зæхкусæг ма йæ ныхы хид æрсæрфы.

 

Зæрæхсид хæхты урс риутыл хуыссы,

Йæ бурдзыкку æрызгъалы сæ уæнтыл.

Кура йæ дыстæ ссивгæйæ бырсы, —

Къуыприу къæйдуртæн асхъиуы сæ сæрты.

 

Уыц ацы къæс мæ рагсагъæсты рис,

У ме схæссæг æмæ йæ уарзын мацау.

Цæуыл ма уа мæ зæрцæйы фæцис,

Мæ къæбæр мын цæуылнæ тайы адæн?

 

Цы хорз бантыса иу зæххон лæгæн, —

Лæппуйы кары бафтыди мæ къухы...

Уый амонд нæу? Циу амонд та, уæвгæ? —

Ызнагхæссæг, æмгарсафæг æдзухдæр!..

II

Нæ мæ уарзы гуырдзиаг дæр уæгъды —

Лæууы мæ разы Турчы æфсад зоныг.

Сæ фыдызнæгтæй цас фылдæр цæгъцын,

Уас чидæртæ кæны мæ удыл хъоды.

 

Мæ цард нывонд у рухс Тамарæн. Уый

Æрцæуæггагæн схæлар кодтой донау! —

Фæлæуу, мæ хур, тæбынæлвæстæлхуый,

Кæсут, фæстæмæ зилын дæр фæзоны!..

 

Мæ фыдызнæгтæй райсдзынæн мæ маст, —

Мæ къæхты бын ызмæлдзысты бындзытау.

Фæлæ кæмæ фæхæсдзынæн мæ хъаст? —

Мæ райгуырæн фыдæнхъæл у йæ фыртæй.

 

Дзæгъæлы баззад уæзæгыл мæ мад,

Нæ чъырын хæдзар афонмæ ныккалди.

Ирон лæгæн æддейы вæййы кад,

Йæ къæсы та куыдзыл нымад дæр нал у.

 

Уæдæ цы карз хуыцауæлгъыст фæдæн,

Куырмæджы комдзог рацыдтæн мæ цардыл,

Зæххыл мын иу мæн у зæгъæг кæд нæй, —

Мæ ном хæсгæ у мастисыныл, кардыл.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ| ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)