Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хохаджы радзырд

ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ | ЧЕСЕЛТГОМ | ПОЭТÆН | ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ | ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ | БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | РУХС ИЗÆР | КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ |


Читайте также:
  1. ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ
  2. ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ

Зæронд царды нывтæй

Мæн иудуг ныппæрста йæ цъысымы цард.

Мæ кæддæры арвау нæргæ ном

Ныффидиссаг. Сызгæ мæ кæрддзæмы кард.

Хæрæмигъæй тардæр — мæ цæсгом.

 

Йæ къух мыл уæд ауыгъта ме схъæл рæсугъд:

«Фæрæдыдгæн ме ’взонгæй», — йе ’фсон.

Мæ хиуæттæ загътой: хъаруйæ нæу цух,

Йæ зыныл цæмæн кæнæм еу-сар!..

 

Мæ ницæйы уавæр кæй зæрдæмæ цыд, —

Хæлар мæм чъылдымырдæм фездæхт.

Мæ лæмæгъ мын базыдта, æмæ æрцыд

Йæ рагон мæстытимæ ме знаг.

 

Цы нæ уыд, куыд нæ уыд, фæлæ, дам, æрдзæй

Мæгуырмæ дæр иу хорз фæкæсы:

Ызнаджы ныссастон мæ карды фындзæй, —

Йæ гæндзæхтæ цагъта мæ разы.

 

Йæ бирæ фæллæйттæ кæй баисты мæн, —

Дзæнгæрæгау азæлыд комы,

Æмæ дзы кæм нæ уыди хайисджытæ, —

Ног сидтытæ уагътой мæ номыл.

 

Йæхи мæм æрбаласта ме схъæл рæсугъд,

Мæ хион мæнæй кæны сомы,

Йæ мидбылты худгæ мæм дары йæ къух,

Мæ хæлар, мæ цурæй нæ комы...

 

Нæ, уайдзæфы номыл мæ не схауы дзырд,

Фæлæ сæм æлгыæнгæ фæкæсын...

Мæ рагон ызнагæн та сарæзтон цырт,

Æрвылбон ын рухсаг фæзæгъын.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ| МА ТÆРС...

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)