Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ

ХОХАГ ЗÆРОНД УС | ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС | КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС |


Читайте также:
  1. ГОРÆТЫ НЫВ
  2. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  3. ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ
  4. ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД

Æз райгуырдтæн зæйцæуæн комы дагъы.

Уым афтæ рæсугъд у,

Уым афтæ зары дон,

 

Æмæ дæ фырцинæй куы сисай сау хох уаргъæн,

Фæцудынæй дын тас нæ уыдзæни, мæ бон!

 

Уым алцыдæр дæу у: бæлас уа, зайæг халæй,

Сырд дыл æнувыд у,

Нæ дзы цæры мæнг уд;

 

Кæсаг дын тар æхсæв ныцъцъортт кæндзæни малæй,

Зынггур гæлæбу дын фæндагамонæг у.

 

Уым цадæг арвыстон æвзонджы бонтæ адæн.

Ныр мын ам иу хъуыддаг

Æдзух æрхæссы маст:

Цæмæн сахуыр ысты кæрæдзи

Сайын

Адæм,

Æви сын хинты сар фæлдисагæй у барст?

 

Уæд мæм зæххы къори кæм нæ фæкæсы диссаг:

Йæ хъаруйы фæрцы

Цы нæ ыссардта лæг, —

Æрвон тыгъдад ын — гом, йæ уæлныхты йæ систа,

Йæ цардмæ йын кæнид фæлдисæг дæр хæлæг.

 

Фæлæ... Æвæццæгæн, фыдæлты ныхас раст у:

 

«Æгæргæнæг æгæр кæны...»

 

Æдзух

Хъæртæ... Æртхъирæнтæ... Æхæлд атомы тасæй

Лæууынц ныхæй-ныхмæ, æфсармыл систой къух.

Æмæ куыд цæргæ у уæдæ — зæххыл, мæ боныл? —

Йæхиуыл дæр куы нал

Æууæнды лæг;

Гуыдырæхгæдтæ ис сыгъдæг зæрдæйы номыл,

Кæм чи ныгæд ис, уый куынæуал у бæрæг!

 

Нæ дард фыдæлтæ-иу кæддæр куывтой Хуыцауæн, —

Лæг хъуамæ истæуыл

Æууæнда — уый у раст,

Ныр ам сæ æууæнкдæр ныууæй кодтой æхцайыл,

Кæны сæ раууатмæ æрвылбон царды тас.

 

Мæн та фæнды цæрын, кæддæрау, адæн, —

Куырыхон раст хъуыды

Куы рацæуид рæгъы:

Нæ цардаразæг у паддзах, нæ — кусæг адæм,

Куы сæфа зæхх, —

Йæ дзырд

Фæстаг салдат зæгъы!

ХÆРНÆДЖЫ РАЗМÆ

Æцæг хабар

Зианджынтæм æмбырдтæ кодтой адæм:

Æдзард, æвæдæй саг лæппу фæхъуыд...

Йæ бæх — ызнæт, у сонт цæстæнгас уадау,

Хæрхидон æй нæ бауадзы ысдзырд.

 

Йæ хæстæджытæ сахадзæст, сæргуыбыр,

Кæны йыл алчи хирдыгонау мæт:

Кæмæн æнæ уый нал хæцдзæн йæ дзывыр,

Кæмæн та у æнафоны ысæфт.

 

Хæлæрттæ æмæ уарзон чызг йæ цуры,

Цырагъау судзгæ, сагъдауæй лæууынц...

Ныр хиуæттæн, — ирон æгъдау æй дзуры, —

Изæрдалынгты нал фæтчы кæуын.

 

Æмæ ныссабыр хъæу. Æрмæст ма чидæр

Сæ кусæрттагæн армæй дардта цæхх,

Стæй уазал дон... Фæлæ сæ иу дæр

Нæ касти галы зæрдæмæ дзæбæх.

 

— Цæугæ, лæппу! — фæдзырдта гъе уæд фысым,

Æрхæссуг ын дзуары комæй дон,

Æмæ къæртт цæхх. Нæ хайуанæн æлгъыстау

Нæу карды бынмæ бацæуын йæ бон.

 

Æрхастой дон æмæ æнцад-æнцойæ

Æруагъта гал уæзæгæфхæрд къæбут:

«Фæстаг хатт-ма нæ хæхбæстæйы донæй

Ысхуыпп кодтон,

Ныр мæ цæвут!»

ХÆЛАРМÆ

Хъазгæмхасæн

Гуыцмæзты Алешæн

Мæ мæлæтыл ма ку, хæлар,

Уæлдай æфхæрд ма кæ дæ зæрдæ!

Æмбар-иу: фæауæрды цард

Хæрз цъусдуг мæ хуызæн æвзæртыл.

 

Уæд иударон ма кæ дæ рис,

Мæ цырты раз ма лæуу æдзынæг,

Фæлтау-иу бæрзонд зарæг сис, —

Æз ма дын мæрдтæй дæр хъырндзынæн.

 

Зындзынæ мæм урсбарц бæхыл

Ды иу бон. Зæгъдзынæ уæндонæй,

Нæ тохарыд зарæг зæххыл

Кæй нæры уæлахизы номыл!

 

Куы дзурай: фыдæлты гæнах

Æрфидар, рæсугъд у Ирыстон, —

Кæндзыстæм зындоны дæр мах

Къæдз-мæдзы рæгъытæ, дæуыстæн!..

***

Мамсыраты Темырболаты мысгæйæ

Фæкъул и цард. Мæ туг фæллайы.

Хуыцау, кæмæ хæссон мæ хъаст?..

Куыройы фалгæрæттау, тайы

Нæ дугмæ сабибонты уарзт.

 

Фæлыгътæн æз мæ цин — мæ бæстæй.

Кæйдæр Зæхмæ. Цы у мæ цард?!.

Цæуы æбар, гæвзыккæй рæстæг, —

Хъæныл кæм банымадтой кад,

 

Уым æз æрттæдæлармæй бадын...

Бæргæ, куы сын фæуин мæ фаг,

Фæлæ хæтæнхауæджы адæм

Нæ хонынц авдсæрион саг.

 

Æмæ ныккæрзын уæд мæ рыстыл:

Мæ зæрдæ мæм кæны хæрам:

Кæм и дæ рагбонты сæрыстыр,

Æмæ дæ саст авдæны хъарм?!

 

Нызгъæлæн и мæ хуымы ауæдз,

Фæлæ, мæ райгуырæн, бæллын, —

Хъæбулау мæ дæ цуры бауадз,

Уæд та мæлын, лæгæй мæлын!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 57 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МЕ ’ВЗАГ| ИУНÆГДЗИНАД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.012 сек.)