Читайте также: |
|
Цæмæй ныффæлладтæн — нæ зонын,
Фæлæ мæм иу хорзæх кæсы:
Нырма нæ сахуыр дæн тæрсын, —
Фыдох лæууы мæ разы зоныг.
Цы дуне уарзтон, уый ма у —
Йæ хорз, йæ фыдимæ — мæ риссаг,
Фæлæ... Цы мæм фæкæсы диссаг:
Нæ дæ быдзæуимæ хъæрмуд,
Уæд æм кæсы, цыма ызнаг дæ!
Сырд уа, лæг уа — æз нуазын марг дæр
Сæ номыл, кæд йæ арты зынг
Фæндаггон лæгæн норстæй дара,
Æмæ йæм царды цинау хъара
Фæснай хуымгæнæджы цæссыг.
ФИЛЯ
Н. Рубцовæй
Дисау баззад мæ зæрдыл:
Хъæды дæлвæдджи — хъæу,
Алкæм й’ алварс сырдвæдтæ, —
Рог æрыссæстой нæуу.
Уым хъæдынкъул хæдзары
Бацард Филя-рæдау...
Газ уа, ваннæ нæ дары, —
Нæй йæм ахæм æгъдау.
Филя уарзы йæ фосы,
Къух цы ары — хæры;
Уæнгтæ аппары хосыл, —
Филя гъæйттæй цæры!
Дуне мадардау раст у,
Лæг цы ралгъита — нæй...
— Филя, мадзура ’нгæс дæ?
— Уæд цæуыл дзурон, цæй?..
иныг «Урс хæхты зарджытæ»-йæ
Ир — мæ райгуырæн
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 41 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | | | МЕ ’ВЗАГ |