Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Зæрæдты ныхас

МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ |


Читайте также:
  1. AElig;РГОМ НЫХАС
  2. АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС
  3. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  4. ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС
  5. МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС
  6. ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС

— Цæуы нæ фæлтæр а цардæй, — дзырдта,

Уæззау улæфгæ, урсбоцъо зæронд лæг

Сылгоймагæн. Ус сусæгæй куыдта,

Йæ цæстысыгæй сау зæхх кодта дойны.

 

Æгæрон арвыл хурзæрин ныппырх,

Нызгъæлæн и цъæх-цъæхид быдыр, кæмттыл.

Æрвгæрон ма гæзæмæ дардта сырх,

Фæскъæвда мигъæн нал зынди йæ фæд дæр,

 

Æмæ та рог ысулæфыди хъæд.

— Куыд диссаг уыд, æвæдза ма, нæ рæстæг! —

Ысдзырдта ногæй лæг. — Дæлзæхх фæуæнт

Йæ кой фыццаг кæмæн ысхаудта хæстæн.

 

Мæ царды ницæуыл кæнын фæсмон,

Куы хъæуид, уæд хæстонау ногæй растин.

Мæ хъæдгæмттыл нырма цæуы мæ бон, —

Сæ рыстæй нæ, уæззау ысты сæ мæстæй.

 

Фæлæ уæддæр сæрыстыр дæн, мæ хур, —

Мæрдтæм цæуын кæмæн хъæцы йæ цæсгом...

Мæ райгуырæныл, акæсут-ма, хур

Лæгæрды. Цинæй йемыдзаг æгас ком.

 

Æрæджы ма уыд тымыгъы бын Рес,

Йæ кой ныр нал и цъуппытыл дæр митæн.

— Дæ къух-ма айс! Цæй, ме ’нæуынон фест,

Куы нæ та райдайай дæ митæ!

МÆ ФЫДЫ ХÆРНÆДЖЫ ФÆСТÆ

Поэт Габуты Хазбийæн

Цæй-ма, фынгыл æрбад,

О мæ риссаг æрдхорд!

Уый дæ цæссыг тамакойы фæздæджы бамбæхст...

Абон ахицæн цардæй

Мæ фыды зæронд...

Нæ, бæстон бæрæг нæу.

Цæй-ма, цайданæй рауадз!

Сойдзырæгътæ ыссудз, —

Къуымты айсæфа тар...

Уадз фæлдзæгъдæн кæна ам нæ рох къæсыл урс мит,

Кæд гæды ныхас у:

У мæлæтæн йæ бар —

Чи кæд цæуа йæ цардæй,

Кæд ын кæной рухсаг?!.

Гъе мæлæтæн æцæг у

Йæ рагон æгъдау:

Саухъуыр ингæнмæ ахæсса махæн нæ зынтæ...

Æмæ чи уыди царды

Мæлынæн — æвгъау,

Уымæн зымæджы хъызты

Æрæвæрæм фынгтæ?!.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆСКУЫЙÆН| ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ!

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)