Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС

AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН | ЗÆРÆДТЫ НЫХАС | ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! | AElig;ВЗОНГАДÆН | МЫГГАДЖЫ СÆФТ | ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ |


Читайте также:
  1. AElig;РГОМ НЫХАС
  2. АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  5. ЗÆРÆДТЫ НЫХАС
  6. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  7. КÆМÆНДÆР

Афганистаны хæстонты ном арынæн

— Уæ, цы мын фæдæ, о мæ худгæ хур,

Дард бæсты? —

Русты туг нал ис, зæрдæйы ныссур

Карз цæссыг.

 

Ау, нæ дунейыл нæу хæсты заман,

Сау бонтæ! —

Уæд кæмæ райстай ды дæ сау хъама

Рагбонтау?

Æз куы уызтон дæу, о мæ уды цин,

Авдæны,

Уæд дæумæ, хъæбул, кæд ызнаджы хин

Хъавыди?

 

— Ма кæ, о Гыцци, ды мæ ацыдыл

Хъарджытæ,

Тых кæмæ вæййы, уый æдылыйæ

Барджын у.

 

Дард Афганы зæхх, ныр мæнæн кæны

Арфæтæ, —

Уым мæ дугъоны судзгæ рог нæмыг

Баййæфта...

 

Æмæ ахаста мæн йæ сау къæсмæ

Сау сыджыт...

О, бæргæ мын нæу, о, дæ хъæбысæй

Адджындæр!..

***

Æз нæ зонын,
Адзал мын кæд кæндзæни

Сусæг тæрхон...—

Фæлæ иугæр мæлын,

Уæд — лæугæйæ... Æмæ ма

Хъуамæ арауа уый бæрц мæ тых,

Хъуамæ, артау, ныффæйлауа

Риуы

Мæ рагбонты ныфс,

Цæмæй иу уысммæ айрох уой

Царды хъуырдухæнтæ,

Хивæнд мæлæт,

Æмæ айнæджы тигъыл ныффыссон:

— Хорзæй баззайут, Адæм!

Æз уæ рæвдыд нæ базыдтон никуы, —

Иунæг иутæй нæ зæгъын, —

Фæлæ зонут:

Æз мæ уды фæлладæй уæ хорзмæ,

Уæ цинмæ бæллыдтæн,

Сымах та мын, зинтау,

Мæ размæ цæлхдуртæ

Æвæрдтат!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ| АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)