Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;ВЗОНГАДÆН

СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН | ЗÆРÆДТЫ НЫХАС |


Дæ къæсæй æз хицæн нæ кæнын,

Сæдæ аз куы цæрон, уæддæр, —

Фæрсудздзынæн саусæр бæгæны, —

Цыфæнды фыдохмæ — цæттæ!..

 

Сæурайсомы урс-урсид мигъæй

Æз цъирдзынæн арвы æхсыр;

Кæсдзынæн мæ цæстыты тигъæй

Рæсугъд чызджы фæстæ, мæгуыр!

 

Къуымых уыд, хæрзыссад дæ хъама, —

Поэты ном хастай, мæ хур,

Æмæ дыл æнусбонтæм хъуамæ

Гъе уый номыл ахуысса хур.

 

Поэзи æвзонгады мад у! —

Дæ ныфс æм кæд нал хæссыс, уæд

Æппæт дæр æрцæуы йæ рады, —

Уæд бирæ хуыздæр у мæлæт!

 

Тæссагдæр кæй хуыдтай, — нæ зонын,

Мæ хæлар: уыд цард, гъе мæлæт, —

Поэт лæг сæ иу дæр нæ хоны

Бæсты бикъ — цы уа, уый та уæд!

 

Бæстырæсугъд: амонд — арвистон

Фæстагмæ куы зæгъа йæ дзырд, —

Хуыцæуттæ, йе зæдтæ куы сыстой —

Æз

Уыдтæн

Йæ фырт!..

МÆЛÆТМÆ

Цы нæ зоны — тæрсы дзы лæг,

Уый у йæ хъуырдухæн, йæ фыдбон.

Цымæ цæй хуызæн дæ, мæлæт,

Цæмæй у уафыддæр дæ зындон?

 

Кæнæ зæрин дунейы мæнг

Цæмæн фæхонынц рухс — дæ дзæнæт?

Æви зæххы къори æцæг

Дæ фæлдыст у æмæ дæ кæлæн?

 

Кæддæр нымады уыдтæ ды, —

Фыднизтимæ нæ кодтай хъеллау:

Фæсмоны азары сæрты

Дæ сау къæсмæ фæлыгъд Отелло;

 

Йæ рæдыд ничи хуыдта раст,

Æгадыл ничи уыди разы,

Æмæ-иу бархийæ æваст

Сæ гæрзтæ ’рывæрдтой дæ разы.

 

Æфсарм уа, намысы фæрцы

Нæ хъæцыд фарны лæг дæ фыныл.

Ныр — нал... Дæ рæстæг дæр фæци, —

Дæ кады кæхц ныссур йæ быныл.

 

Ныр хотыхты богъ-богъ уæндон

Дæуыл дæр баппары йæ къæлæт:

Фæстаг зæххонтимæ, мæ бон,

Ды дæр ыссардзынæ дæ мæлæт!

ФЫСТÆГ МÆ ХОМÆ

Æрцыди та уалдзæг, мæ хо! —

Цъæх-цъæхид арв айтынг и хæхтыл.

Йæ къупп-къуппæй кусаг хъæдхой

Фæтардта рæупакъуы æврæгъты,

 

Æмæ та фæцардхуыз и хъæд:

Сырдæй уа, цæрæгойæ алцы

Æрыхъал. У циндзаст нæ кæрт:

Зæрватыкк æрыздæхти балцæй.

 

Дон, хъал дон нæ кæмтты нæры,

Тæхгæ уылæн фесхойы дурты;

Цъæх кæрдæг уымæлвад мæрæй

Фæгæпп кодта хæдзары цурты.

 

Фæздæгкалгæ, раст ауæдзыл

Фæхæссынц мæллæг галтæ гутон.

Æрцу, мæ хо, ауал азы

Нæ къæсмæ нæ фæзындтæ иу бон!

 

Æрцу-ма, дæ риссагау, фен

Ныййарджыты ингæн хæстæгмæ:

Сæ удты æвдисæнау ыл

Рæсугъд дидин фестад мæстæгæй.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ!| МЫГГАДЖЫ СÆФТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)