Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ

КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ |


Читайте также:
  1. ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС
  2. ХÆХХОН ÆХСÆВ

Сабыр. Арвыл мæй — хъусцæгау,

Уатмæ йæ рухс кæлы.

Рудзынджы бынмæ уæйыг лæгау

Денджыз хуыр-хуыр кæны.

 

Судзы мæ сойдзырагъ, зонын æй,

’Нæ судзгæ нæу йæ бон.

Æмæ тæпп-тæпп кæны бонырдæм:

Уый — йæ фæстаг хæрзбон.

 

Растади гæлæбу, хъавы йæм,

Калы та йыл йæ бон.

Æз, мæ хур, иппæрд дæн дунейæ:

Уый — мæ чысыл амонд.

 

Зонд уа, зæрдæйæ цы агуырдтон, —

Уа хæрзтæ нæй зæххыл! —

Фæлæ чи нæу, мæ бон, разы та

Ацы æрвон цъæхыл!

 

Хъус-ма, куыд азæлы зарæгау

Тары маргъы хъæрахст, —

Уый мæ сих у, мæ хæлар, æмбарын æй,

Ныр цæуыл кæны маст.

 

Ма кæ, ма мын тыхс, дуне нæ федзæрæг,

Рацу ардæм, мæ цæст!

Рацу, радтон дын истытæ... Гъе фæлæ...

Ме ’мдзæвгæтæ æрмæст!..

БÆСТЫХИЦАУМÆ

Бæстыхицау, ды рафæлдыстай

Зæхх:

 

Нæрæмон хæхтæ, денджызтæ, цъæх быдыр...

Нырттивы сыл сæумæйæ арвы цъæх,

Дæхи цæст дæр нæ фефсæды сæ уындæй!

 

Уæд ма цы охыл рафæлдыстай

Лæг.

Æгъатыр æмæ саузæрдæ цæрæгой,

Кæны æрдзы сæрибармæ хæлæг

Æмæ нæ тæрсы йе ’гуыдзæг, йæ мæнгæй.

 

Рæсугъд конд у, бæгуы: уæлмонц, уæлбæх,

Фæкæнынц æм лыстæг сырдтæ тæхуды.

Зæрдæйæ марг у, зондæй та — къæдзæх,

Фыдбылызмæ нæ ауæрды йæ удыл.

 

Бæстыхицау, рæстæгмæ у нæ цард,

Æмæ нæ уымæн бафтыдтай нæ зыдыл,

Æви зæгъыс: æрдз у æнæ лæг мард,

Æви дæуæн дæр ууыл уыд дæ хъуыды?


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 58 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЦИН ÆМÆ МАСТ| ЦÆЛГÆНÆНЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)