Читайте также: |
|
Нал мæ уарзыс, мæ бон, уый нæ нысан кæны,
Цыма фервæзтæ ды
Йе мæнæй, йе дæхицæй...
Кæс, æвзистбуар æхсæрдзæн нæ сæрмæ кæлы, —
Уый дæр раджы кæддæрты
Нæ уындæй фыр буц уыд.
Рæгъты сæрмæ-иу — бонвæдис, растади хур,
Дон-иу систа дзыгъал-мыгъул
Арф кæмтты хызы.
Хохæй хохмæ нæрыди нæ зарæг, мæ хур,
Ныр дæ уазал цæстæнгасæй
Зымæг æрхъуызы.
О, æз ме ’намондыл дæр ныхъхъæцин уæддæр,
Фæлæ баууæнд, мæ сонт уарзт
Кæм фæци рæдыдыл,
Разы нал дæн уым ме ’ннæ æнкъарæнтыл дæр,
Æмæ зæрдæ ныссуйтæ,
Æлгъыстаг хъуыдытæй.
Хатгай ауигъын къух æз мæ сусæг рыстыл,
Æмæ ноджы фыддæр низ мæн судзы йæ арты:
Кæд уый цард у — йæ тæккæ рæсугъддæр хуызы,
Йе нæ зыдтон æз дæу,
Йе бынтондæр нæ цардтæ?
***
Ды цыдтæ... Арв-иу ферттывта тары.
Цæссыг уарыд дæ рустыл æдзынæг.
Дардæй хъуысти æрхæндæджы зарæг:
«Æз дæу никæд нæ ферох кæндзынæн!»
Уæд цæуыл уыд дæ сагъæс — нæ зыдтон,
Йе сæ азар дæ катай, дæ рыстæн?!
Уый мæ удыл нытталынг йæ рухс бон,
Ды фæндонæй ыскарстай дæ хъысмæт.
Ды зыдтай: уый уæ фæрныг хæдзары
Тагъд къæрццæмдзæгъд ныййазæлдзæн мусæй,
Æмæ чидæр — дæ мард фыды карæн,
Дæу хæсдзæни йæ хъарм уатмæ усæн.
Цæмæй абон, дæ рагуарзты фендæй,
Рохы аззайой ивгъуыды бонтæ,
Æмæ сбуц кæнай ноггуырд поэты
Ныр фыдæфхæрдæй, сабыр зæрондæй.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | | | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ |