Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  2. ГОРÆТЫ НЫВ
  3. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  4. ИЗÆР
  5. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  6. ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН

Хауынц пакъуытæ цадæг — хæмпус æмæ калцæг,

Чи æрцауындзæг телыл, чи зæххыл хуыссы.

Кæд сæ исчи фыдæнхъæл нæ фæци йæ балцæй,

Æмæ гъеныр йæ фыды æрвонзæхх мысы?..

 

Хауынц пакъуытæ зæхмæ, фæлладæй æрзилынц.

Ам цы уыдзæн сæ фидæн — бæстон бæрæг нæу.

Уый мæнæн дæр мæ азтæ мæ царды хъул уилынц.

Æмæ уымæн æрлæууыд мæ зæрдыл нæ хъæу.

***

Æз чысыл рæстæг цардтæн,

даргъ уыд мæ цыбыр фæндаг.

Мæ хорз у, йе ме сæфт, —

æз ууыл æппындæр нæ тыхсын.

Кæд йæ лæппынæн хъæды

къахæй нæ фæд кæны саг,

Уæддæр ма йæ тугæй

фæды фаг ныллæмары пыхсыл.

Кæд мæ нысанмæ æз

æрхуымæй фæцæуын æдзух,

Фæсайы мæ уый, —

фæлурс зынгау, дардæй фæзыны,

Æмæ кæд бынтондæр

нæ баххæсса уымæ мæ къух,

Уæддæр ыл нæ тыхсын —

мæрдты йыл хъæцдзынæн мæ зыныл:

Мæ сабыр цард зæххыл

бынтондæр æвæстаг кæд у.

Мæ мæлæты бон

кæд нæ хауон, ыстъалыйау, арвæй,

Уæддæр бæх ыстылд,

уæд йæ тулæны уадзы æрду.

Кæм басудзы арт,

уым зынг зайаг у фæнычы арфы.

Уæлæуыл куыд цардтæн?

Цы уарзтон, — арахъ æви сæн, —

Поэтæй, паддзахæй, —

цы уæлдай у уый та, цы, мардæн?..

Кæд а зæххыл иу лæг

лæджы номæй не мыса мæн, —

Дзæгъæлы фæцардтæн,

уæд мур дæр нæ бамбæрстон цардæн,

Æз раст лæгæй цардтæн,

даргъ уыд мæ цыбыр фæндаг.

Мæ нысан у дард...

æз ууыл æппындæр нæ тыхсын:

Кæд йæ лæппынæн хъæды

къахæй нæ фæд кæны саг,

Уæддæр ма йæ тугæй

фæды фаг ныллæмары пыхсыл.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆСКУЫ| МÆ ФЫДÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)