Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

БЫДЗÆУ

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ |


Нымдзаст и айдæнмæ. Æрвгъуыз цæстыты хаутæй

Фæлурс гагуытæ райвæзынц сындæг.

Йæ рахызт у. Нæ тындзы хибар уатæй,

Йæ фыдкондмæ кæсы уæнгтæхауд лæг.

 

Æддейы та дзæхст-дзæхстæй къæвда кафы,

Цыма хæхбæсты пецы схъиуы арт, \

Афтид хæдзары, къуымы арынг хафы,

Хыссæ нæмы кæмдæр йæ иунæг мад.

 

Уый нал ис раджы. Нал зоны йæ хъæбул

Фæндаг сæ къæсмæ. Ссардта ам дзæнæт.

Дæтты йын горæт, мадау, кад — фæлмæн дзул,

Кæмæндæр худæг басгуыхын — йæ мæт.

 

Ис бирæ сой бæлццон лæджы хызыны.

— Цæттæ дæ?

— О, кæнут-иу мæм хæлæг.

Цы уæлдай у, мæнг агъудæй нæ зыны —

Кæугæ фæкæны æви худгæ лæг.

ЧЫНДЗХÆСДЖЫТÆ

Федтон, загъта диссаг:

Комы нарæджы

Курынц иу мæллæг саг

Фараст барæджы!

Къоста

Талынг тæссæрттыл, хуыснæгау,

Адгуытæм хъуызы.

Арвы къуырф у сдæрд, ыстæгау, —

Нал зоны хъызын.

 

Гъæйтт кæны зымæджы ирдгæ

Комы нарæджы —

Уайынц хорхаст бæхтыл сиргæ

Фараст барæджы.

 

Дымгæ фæскъуыбыртæй фесты,

Цæсгæмттыл тæфсы.

Кæд сæ даргъ куывдтытыл фесты, —

Нозты тæф хæссы.

 

Хохы салд зыхъхъырты зæлы

Бæхты знæт мыр-мыр;

Алчи хъамайы онг згъæры

Алвæста йæ гуыр;

 

Ифтонг у нымæткъуы ехсæй,

Сæрыл — пака худ.

Мæнæ хъарм нымæты се ’хсæн

Иу бæстырæсугъд.

 

Сусæг цин æмбæхсы хинæй

Урс дзæнхъа хызы;

Цадæг йе схъæл риутæм, зинау,

Мæйы рухс хъуызы.

 

Кæд цæры нырма йæ фынты,

Райгуырæн къæсы.

Чидæр æм йæ худы бынты

Худгæйæ кæсы.

 

Гъайда-гъа, фæкъæртт и зарæг,

Дæнг!.. Гæрах!.. Гæрах!..

Арвыл фестъæлфыди барæй

Фиуыйас цырагъ.

 

Хъуысы бæхтæн дæр сæ цæнгæт

к Къахæмдзæгъд хъæрæй;

 

Рухс хурау, дызæрдыг фæндтæ

Уарзæг удтæм нæй.

 

Уæлæ хохы рæбын тары

Фарны хъæу æмбæхст;

Иу хæдзарæй чидæр дары

Фæндагмæ йæ цæст.

 

Гъæтт, æфсин! Фæкæс дæ артмæ!

Комы нарæджы

Уайынц хорхаст бæхтыл кафгæ

Фараст барæджы.

***

Æз дæ къахвæд куырмæй дæр ыссардзынæн,

Æз æрвнæрдмæ дæр хъусын дæ дзырд.

Ды нæ хæдзары гъеныр дæр барджын дæ, —

’Рмæст дæу хоны йæ чындзаг мæ фыд.

 

О, нæ дæ барын дидинтæ, стъалытыл, —

Уыдон алкæд нæ рæвдауынц мæн.

Æз æууæндын мæрдты бæстыл, хъал фынтыл,

Кæд ис се ’хсæн ыссарæн дæуæн.

 

Фæлæ ма ’рхæсс мæ рæстдзинад азыммæ,

Демæ бады кæд искæй хъул фыр,

Уæд мæ хо дæ, мæ хæлар... Мæ уарзон дæ!

Цæй, цы номæй дæм бадзурон ныр?

 

Мæ цардæй раджы ацыдтæ, уый зонын, —

Мæ уарзондзинад барвыстон мæрдтæм.

Цы давы зонд! Мæ зæрдæ ма дæ хоны, —

Æрцæуыс мæм, æрцæуыс мæм уæддæр.

 

Æрцæуыс мæм цъæх уалдзæджы сæумæйы,

Фæндырдзагъдау, бæрз бæлæсты къæс-къæсæй

Æрцæуыс мæм æнтæф боны тæмæны

Нæ их суадæтты мин-зæлты хъæлæсæй.

 

Æрцæуыс мæм мæ хъизæмар, мæ сæнтты

Мæ сайд бæллицты сусæгмыр фæсмонæй.

Фæллад бæлццонæн арвирды кæрæттыл

Ысцырын кæныс рагон цæхæр ногæй.

 

Æмæ кæд æз ныронг цæрын дæ цинæй,

Вæййыс æввахс — нæ дæм цæуын хæстæгмæ.

О, цал хатты дæ фервыстон мæхицæй!

О, цал хатты мæм ’рыздæхтæ фæстæмæ!

***

Цымæ цæуыл у ныр дæуæн дæ хъуыды?

Мæ сæфтдзаг ном æлгъыстагæн хæссыс,

Æви ма мæм æнæбæрæг æмгъуыдмæ,

Хъазахъаг чызг, æнхъæлмæ дæр кæсыс?

 

Куы фæтындзыс рæуфембæлдмæ æндæртæм,

Уæд алвасыс нарæг астæуыл рон,

Дæ сау дзыкку пырхæй æркалыс уæнтыл, —

Кæддæр куыд уарзта дардбæстаг ирон?..

 

Ивылд донау, йæ фæд иваг у рæстæг.

Мæ дзырд ма у, æлвæст кардау, æргом.

Æз уарзтон бирæ бирæты дæ фæстæ,

Ирхæфсæн хъазтыл никуы дардтон ком.

 

Æмæ дæуыл дæр адæргæй нæ тыхстæн,

Æрмæст-иу хатт, цъæх расыджы фæстæ,

Æз митæфцæгыл уалдзæгмæ æрхызтæн —

Уæздан арæзт æвзонгады бæстæм.

 

Мæ зæрдæ-иу æрцагъта уæд йæ ала,

Сатæг изæр-иу айсæфти фыдох...

Дæ уд сыгъдæг, сæнæфсиры цупалау, —

Уæдæй нырмæ мæнæй нæ кæны рох.

***

О, уæддæр уарыд мит æмæ бацис нæ уарзтæн æвдисæн.

Æз нæ хатыдтон рæстæг — мæн дæ цæстытæн уалдзæг хуыдта.

Уый кæд мæй дæр нæ сæрмæ ныллæууыд йæ бынат фырдисæй,

Уый кæд амонд æрмæстдæр дæ былтæй мæ удмæ дзырдта?

 

Ныр цы уæлдай у, цы! Макæ, ма худут, пакъуытæ, хинæй...

Нæй мæнæн дæр, сымахау, фæстæмæ фæцæуынæн хид.

Уый мæ зæрдæ уынæргъы, æви зары дæ уарзтæй, дæ цинæй?

О, уæддæр уарыд мит!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 60 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАЙДЗÆФ| БОНЦЪÆХТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.013 сек.)