Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Бæхыл

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Уайы арф комы рæбынæй

Бæх, фæдисгæнгæ, ныууасы:

Фехсы хи æмæ йæ быны

Зæхх, къæдз æрдынау, фæтасы.

 

Риуæй арæдувы уæлдæф,

Хус рыг аскъæфы йæ фæстæ.

Фæсфæд сау къæйтæн сæ хъæлтæ

Ниуынц урс, цæхæр хъæлæстæй.

 

Норттæ — урс, йæ хиды чъырæй, —

Арвау ферттивынц йæ зæнгтыл,

Комытæф — дыууæ цыхцырæй,

Раст кæфхъуындары æвзæгтау.

 

Саргъыл размæ акъæдз барæг,

Дымгæ, базыртау, — йæ фæрстыл.

Хъуысы цæфхæдтæн сæ зарæг

Æмæ донмигъ уайы цæстæй.

 

Гъæтт мæ фыдæлты ызнæт туг,

Баст сырдау, мæ уæнгты дуды.

Нæ, хуыскъзæрдæты мæцъæл дуг

Уонгмард не ’фтауы мæ удыл!

 

Тоны хъал байраг йæ рохтæ,

Зæхх фæкъæдз вæййы йæ быны.

О, ды дæр, ды дæр мæ рох дæ,

Цард, дæ хорз æмæ дæ зыны.

***

Уый ме ’рдхорд нæ уыдис æппындæр мæнæн,

Куысты æмæ царды нæ зыдтам кæрæдзи.

Мæ цины бон йемæ нæ ныуæзтон сæн,

Хъыджы бон мæ удæн ныфсы лæг нæ фæци.

 

Æрмæст-иу йæ уындмæ æрбайсæфт мæ мæт,

Нæ дуне-иу ног хуызы сыстад йæ цуры.

Нæ иртæстам никуы, циу цард, циу мæлæт, —

Нæ зыдтам нæ фидæныл, зондджынтау, дзурын.

 

Аргъ кодтам æрмæстдæр ивгъуыйаг уысмæн,

Нæ хурастæрд зæхх æмæ стъалыджын арвæн —

Нæ нæм ары дымгæ æхсæв дæр хуыссæн,

Æрвылбон лæг ногæй кæм райгуыры цардæн.

 

Æмæ-иу ыл искуы куы ’рхæцыд мæ цæст, —

Къæсхуыртæ чысыл лæг йæ мусызылд худы, —

Æнхъæлдтон лæджы сагъæс худын у ’рмæст,

Кæнæ та йæ худынмæ ’гас дуне худы.

 

Ныр бонты фæдисы уый нал уынын æз;

Фæлæ та хæцгæ худт куы бафты мæ удыл,

Мæ разы уæд, рох цинау, сысты йæ хуыз:

Къæсхуыртæ чысыл лæг йæ цъиуахстон худы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 43 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР| ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)