Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ

ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Мæ чысыл Ир! «Æз дæр дæ фырт дæн!» —

Æдæрсгæ сдзурын мæ фæнды:

Мæ рухс бæллицтимæ фæзындтæн

Ирон куыстдзагъд лæджы кæрты.

 

Æмæ-иу мын ысдæрдта ’взонг мæй

Кæддæр мæ саст авдæны хъæд.

Дæ зæххыл мæ фæндыдис сонтæй,

Сосланау, уадзын арвыл фæд.

 

Сырдтон-иу сабийæ фыдрасыг

Тæхгæ дымгæйы зилгæ рыг;

Уыдтон, куыд калдта ’хсæвы талынг

Нæ хуымтыл сусæггаг цæссыг.

 

Фыдæлты намысæн йæ дзырддаг:

Ирон фæдæ, уæд у фæрнæй;

Æфсарм — дæ ном, лæгуарз — дæ мыггаг,

Æндæртыл баивæн сæ нæй.

 

Зыдтон, хъызт боны уад куыд симы,

Зымæг нæ къулхæдзар куыд рызт.

Лæджы зынæвзарæнты чиныг

Мæ къахвæндæгтыл разынд фыст.

 

Æз хæрзтæй равзæрстон лæгдзинад —

Фæнды мæн самонын хъæрæй

Фыдæлты зард. Сæ ныфс — зæрин саг,

Мæн сайы урс хæхты сæрæй.

НЫСТУАН ТЕРКМÆ

Терк, цы схойыс, лæбурæгау, размæ —

Тъæпп,

хъæр,

дзæнг!..

 

Æви банхъæлдтай, исчи дæ тасмæ

Дæлæ фæзы зыр-зыр кæндзæн.

 

Ды чысыл дон дæ æмæ йыл басæтт.

Ис æндæр дæттæ — бонцыд сæ уæрх.

Ма бар уыдоныл дæхи ды асæй,

Ды сæ фарсмæ — æрмæстдæр æрх.

 

Ды чысыл дон дæ, Терк, фæлæ хабар

Иууыл ас æмæ бирæйыл нæу.

Хур хуымæтæджы зынгыл ма бар.

Зынг чысыл хур у, ууыл лæуу.

 

Зынг куы нæ уа, нæ уыдзæн хур дæр,

Уæд ныууадздзæни зæхх йæ цыд.

Дæу нæ хъæуы кæйдæр цытæй мур дæр,

Кæн дæхицæн дæ хъаруйæ цыт.

 

Уадз дæ тыхæн æвдисæн — дæхи фæд,

Сахъ поэты куыстæн — йæ рæнхъ.

У алантау æнæрцæф, хивæнд —

Тъæпп,

хъæр,

дзæнг!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 62 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Что будет?| МÆСКУЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)