Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мæскуы

МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. МÆСКУЫЙÆН
  2. ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ

Мæскуы, æз дын мæ дард хæхтæй хæссын,

Æнæзонгæ фыдызæххау, мæ зæрдæ.

Нæ зонын чи дæн: уазæг йе фысым

Дæ бæлæстæ, дæ арвæмбæрц хæдзæрттæн.

 

Цæуын сындæггай, фестъæлфын æваст:

Кæд бæлæстæ иронау дзурынц мемæ?

Кæд ацы ранæй сонт лæппу фæраст, —

Ныр уал азы бæллыдтæ ды йæ фендмæ.

 

Цæуын: æвзæгтæ, адæмтæ — сæдæ,

Фыдызæххау дыл барджын ысты иууыл.

Кæд сын ды уыцы иу хæдон фæдæ,

Æмбисонды æфсымæртæн уæгъд чи уыд?

***

Æз буцхаст лæппу дæн мæ мадæн мæ чысылæй,

Уæд хивæнд, æнæрцæф куыд нæ уон мæ зарæджы.

Тæлфаг вæййы байраг, стæй хауаг у цъысымы,

Уæд уый тыххæй азымы ма дарут барæджы.

 

Æз буцхаст лæппу дæн мæ райгуырдæй абонмæ,

Зынæвзарæн азтыл æз рогвадæй рахызтæн.

Мæн бонты къух кодта, сывæллонау, амондмæ,

Рæвдыдæй фæцыдтæн фыдох æмæ уарзты ’хсæн.

 

Мæ мадæн цы уыдтæн? Ыстъалы фæсхурныгуылд.

Йе масты сæр? Чи зоны? Зонын уый — хæстæй дæр,

Æфстауист къæрмæгæй дæр-иу чысыл дзулы гуыл

Нæ фæсарынг дардта йæ сабиты кæстæрæн.

 

Нæ, дохтыр нæ уыд, фæлæ уынгæй, фæндаггонау,

Мæ уæраджы хъæбæр æрхастон æвдæрзт-лыгтæй, —

Æвдадзы хосæн-иу мæ хъæдгомы саггомыл

Æвæрдта уый дугъы сыф æмæ йæ цæссыгтæ.

 

Кæм ныл уыд фæхæцæг та!.. Авдæны бастмæ мыл

Нæ хардз кодтой номдзыд поэттæ æмдзæвгæтæ.

Нæ тæрскъул хæдзары æлыгæй конд астæрдыл

Æз царды хъæр фехъуыстон миты фæлдзæгъдæнтæй.

 

Нынныхст-иу бæзджын фæздæг пецæн йæ нарæджы,

Хуылыдз сугты тъизын-иу райхъуыст йæ гом фæрстæй.

Мæ мад-иу йæ цуры æрбадт æмæ зарæджы

Йæ хъæбулы фидæн нывæзта фæндон-хæрзтæй.

 

Ныр мæнæ.Æфсатийы фыртау, ысдарддзæст дæн,

Фæлæ йын нæ фæдæн йæ фарсмæ æрцæрджытæй.

Фæндаггонау, искуы куы ’рхауын нæ артдзæстмæ,

Мæ сæр уæд, лæварау, æруадзын йæ уæрджытыл.

 

Æз дунемæ райгуырдтæн адæмы уарзынæн,

У дуне — мæ артдзæст, нæ дзыллæ мæ фысым у.

Ныббарут, мæ хивæнд мын ма хæссут азымæн —

Æз буцхаст лæппу дæн мæ мадæн мæ чысылæй.

УАЛДЗЫГОН МОТИВТÆ

Сæпп-дугъæй уайынц даргъ ауæдзыл бонтæ,

Мæ уæнтыл хур, цыхцырæгау, кæлы...

Ныр афонмæ нæхимæ, сахъ хæстонау,

Мæрдвынæй кæмтты уалдзæг гъæйтт кæны.

 

Æмæ уынæргъынц арф рæбынты зæйтæ,

Фæллад бæхау, йæ царм ныууигъы зæхх.

Ысхойы дон æмбыд къодæхтæ, къæйтæ,

Йæ былгæрæттыл бæхгæрдæг фæцъæх.

 

Ыскъуыры цæргæс цыргъытыл йæ базыр,

Йæ быны айнæг, урс ыстæгау, фаст.

Мæ риу та ам у афтид æмæ сабыр,

Цыма мæ зæрдæ у кæдæмдæр хаст.

 

Мæ циныл райын нал зонын æвастæй,

Фæкæсы мæм, æнæбын уæрмау, арв.

Лæгмæ цы у æмхиц æфхæрдæй, мастæй,

Нымбæхстон уыдон æз мæ риуы арф.

 

Фынæй уынгтæ æхсæв тæфсынц мæ зардыл,

Ыстыр горæт мæм тугдзæстæй кæсы.

Ныр нал хъарын мæ уд поэты кадыл, —

Мæ сыгъдæг сæнттæн ивддзагæй тæрсын.

 

Фæнды ма мæ цæрын, кæддæрау, адæн,

Кæй ферох кодтон, уыдон уарзын ног;

Адджын ныхасы боныцъæхтæм бадын,

Тæргæ бæхыл нæ кæмтты уайын рог.

 

Мæ уæнгæл фесты ивгъуыд царды ностæ:

Къæдзвæндæгтæ ’мæ поездты цъæхахст;

Уырдыг лæууын сылгоймæгтæ ’мæ нозтæн, —

Æртæфстысты мыл амонд æмæ уарзт.

 

Кæны мæ зæрдæ ’хсызгон хъыдзы, хатын.

Мæ дард къæсмæ та у, фыртау, мæ каст.

Ныр афонмæ уым фæндаджы был бады

Мæ зæронд фыд — нæ рох уæзæгмæ баст.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ| ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)