Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дард рудзгуыты рухс

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


У æхсæв сабыр. Арвыл ноггуырд мæй,

Сæгъы сойау, æрцауындзæг и, бахус.

Куыствæллад горæт рагæй у фынæй,

Æрмæст ма хъары дард рудзгуытæй хъарм рухс.

 

Фæллад цуанонау, адæргъ не ’хсæн уынг,

Йæ уæлхъус бады хæдзар-куыйтæй алчи.

Цы ис сæ мидæг: амонд, катай, зын?

Цæмæн у, цымæ, рудзгуыты рухс саджил?

 

Кæд мын, мыййаг, йæ дывзагон дзыхæй

Хæссы мæ удæн хæдзæртты рис хосæн.

Æви нæ царды судзæгты тыххæй

Фæлдисы рухсмæ ног фæндтæ философ?..

 

Æви кæсы йæ сæфт хъæбулмæ мад,

Йæ иунæгмæ. Фæмард ын, бецау, хæсты.

Нæ йын кæны йæ фæлмæн хуыссæн ад.

Нæй радзурæн йæ катайæн ныхæстæй...

 

Ныгъуылдæй уаты — уарзæттæ. Зыны,

Кæй не ’фсæдынц сæ фидæныл ныхасæй.

Сæ амонд сын æппæт дуне уыны,

Фæлæ цæрынц, цы, уыдон дæр æдасæй?

 

Æз хорз зонын, лæджы рæстæг у цъус,

Фæлæ фæнды мæн: дард рудзгуыты хъармæй

Куы судзид сабыр алы ’хсæв дæр рухс,

Куынæ сæм кæсид иу уд дæр хæрамæй.

***

— Адæм, размæ кæсут! Уæхи хъахъхъæнут поездæй! —

Кæйдæр хъæлæс, сонтау, фæдзæхсы фæндаггæттæн.

Æмæ, калмау, æндонсæр, фыдæхдзæст, æргомызнæт,

Тоны перронмæ поезд йæ рельсыты саггæмттæй.

 

Афтæ тулынц хырызриу къæдзæхтæй къаннæг дуртæ,

Зæй куы раскъуыйы, уæд — раст адзалы фæдисонау,

Афтæ уасæг зæронд зарæг сисы бæрзонд хурмæ, —

Сиды дунейæн царды цин, боны æвдисæнау.

 

Уайынц вагæттæ æхсæвмæ, уайы сонт хъæр сæ хæдфæстæ,

Кæрæдзийыл атыхсынц, буцахуыр фаззæттау,

Райгæ лухынц кæдæмдæр нæуæгуагъд хæцæнгæрзтæ, —

Бæстонзылд, бæстонтыхт, сывæллоны хъазæнтау.

 

Дымгæ ниуы сæ цæлхыты уæзæй, æвæрæзæй:

— Адæм, размæ кæсут, уæхи хъахъхъæнут поездæй!

Цыма баризы зæхх, сиды, мадау, тыхст хъæлæсæй:

Уæ, мæ хъæбул, мæ фæд! Дæхи бахиз дæ хъомысæй!..

БЫЦÆУ МÆ СИХИМÆ

Мæ аууонау, æдзух цæуыс мæ фæстæ,

Кæсы дæм цард, дымгæбоны цырагъау.

«Хæрдзæн йæ хъиутæ, цалынмæ йыл рæстæг

Йæ къух нæ сиса, дард фæндагыл, уаргъау...»

 

О, нæ! Æрмæст дæумæ кæсы уый афтæ,

Дæуæн нæй арвмæ рухс бæллицтæ ’лвисæн;

Хæлæг кæныс мæ сонт зæрдæйы цавдмæ,

Æмæ хæссыс æфсæст гуыбын дæр дисæн.

 

Хæлæг кæныс: зæххон царды æрфæнтæн

Сæ сыгъдæгмæ æз, сабийау, кæй тырнын;

Кæй мæ хæссынц, тæлтæг бæхау, мæ фæндтæ,

Мæн адæймаджы стырдзинад кæй уырны.

 

Нæ дæ уырны: нымд уарзонау, æвзонг мæй

Фæлмæн уырзтæ кæй фæдауы мæ рустыл,

Сатæг изæрты хърихъуппы хъæр ногæй,

Бæрзонд цинау, кæй æндадзы мæ хъустыл.

 

Фыццаг митæн йæ урс пакъуы хъæлæсæй

Ыстъалыты нымд сагъæстæ кæй хатын!..

Мыстау, дæ хъуырæй тарст хъуыды ыскæсы:

«Кæд ахæм дæ, уæд ма дæ адзал батон!..»

 

Куырой — мæ зæрдæ — никуы уыдзæн ривад,

Цы хъом мын у сылваз адзал, цыфыддæр?

Лæгау дунемæ иу бон æмæ иу хатт

Сæрыстырæй фæцæрынмæ æрцыдтæн!

***

Æдзæм сабыр мæ алыварс нындзыг...

Уым хъуыдытæ, — ызмæст доны кæсæгтау...

Сыгъдæг арвыл чысыл мигъы бындзыг

Куыд расайы уæззау къæвда йæ фæстæ,

 

Мæ риуы афтæ сусæг рис тыхсы.

Æмдзæвгæйы къуыбар ихæй ныртæккæ

Ныууардзæнис. Нæ чъил кæны йæ фæткæй

Æмæ йæ хос — фыссын!..

 

Кæм дæ, кæм дæ, дзырдæн йæ ад, зæгъынц,

Æцæг зарæг, дзæбидырау, æлвæст у.

Мæ ныхæстæ та алырдæм тæхынц,

Уæгъдидон бæхтау... Цу, ды сыл фæхæст у!

 

Кæд цыди дзырд, куыствæллад галау, раст,

Стæй коммæгæс кæд уыд лæгæн йæ хъуыды?..

Цæнгæт ритмы кæм æхсысти мæ маст,

Уым сабыр ямб хъуыр-хъуыргæнгæ фæцыди.

 

Бæргæ кодтон, лæгау, æз уалдзæг хуым,

Фæлæ мæ зарæг й’ афоныл нæ ралæг.

Уæддæр уыдис сабыр рæнхъытæ уым,

Кæд сыл мæрдырох н’ ауадзид йæ адæг.

ХÆХТÆ

Æз, сымахау, сындæггай мæлынæн æвгъау дæн:

Рæстæг, арвау, æвиппайд ныккæлдзæн мæныл...

Нæ, лæгъстиаг нæ дæн æз, лæджы бындар, цардæн,

Цас цæрын, уас бæрзондæй-бæрзонддæр кæнын.

 

Худынц быдыртæ — цадæггай, кардау, зæрæхсид

Се ’ндон тигътыл йæ дæрзæг къух хафгæ хæссы.

Худынц цæргæстæ — сау мигъ йæ цæссыгæй ’рыхсы

Хæхтæн се стæг, кæнæ сыл, нæл хуыйау, хуыссы.

 

Уайы ’хсæрдзæн уæ сæрæй, уæрджытыл бахъил.

Тоны зæнгтæ, кæны уыл йæ дзыхы цзаг хъæр.

Æз — лæг цæн, кæц æрхауа мæ сæрæй мæ сау хил,

Урс æрзайцзæнис, науæц гæмæхæй цæр — сæр.

 

Нæ, лæгцæн æмæ схъистæй нæ хаудзæни ме стæг,

Рæстæг, арвау, æвиппайд ныккæлцзæн мæныл.

Кæц нæ сарæхсон а зæххыл хорз зарæг фестын,

Уæц цæлцзæхх та нæ фицауы ууыл кæуын.

ПОЕЗД

Цæй зынæй уынæргъы æхсæвы хъæбысы

Цæугæ-цæуын поезд?

Кæд, махау, йæ хæдзар — йæ вагзал фæмысы, —

Нæй бафсис йæ койæ?..

 

Хъыджы æмæ цины хъысмæттæ кæй ласы —

Йæ зæрдыл уый дары?

Фыды къæс ныууадзын лæппуйæн цы маст у —

Кæд уый цæр æмбары?

МÆ КАРÆНМÆ

Кæддæр æмкар, æмдзæхдонтæ уыдыстæм,

Ныр мæнæ, гъе — дæ цуры æз зæронд лæг.

Рæвдыд уæрыкк, ды цъæх нæууыл фæхызтæ,

Æз цардæмбулæг никуы зылдтæн зондæй.

 

Æмрæстæджы фæцыдыстæм нæ къæсæй.

Нæ фæндаг иу уыд саумæрæй, хуырбынæй.

Ды раздæхтæ, æз хины сырды фæстæ

Цæуын æхсгæ куырмæхсæджы æрдынæй.

 

Æрдæг балцæй æгад уыди ыздæхын,

Уæд цуанон лæгыл бахудынц æндзыгæй.

Ау, уыцы фæтк кæд фесæфти нæ зæххыл, —

Домбай галы кæд раивтой мæлдзыгæй?

 

Нæу сусæггаг, кæм фæлæууыдтæ зондыл, —

Хъæддаг æфсургъ ды де скъæты æрцахстай!

О, хивæнд уд, æз та мæ цæргæ бонты,

Фæстиат цъиуау, никуы скодтон ахстон.

 

Нæ бæстæйæн, йæ сонт фыртау, фæлвæрдтон

Лæггад кæнын йæ арæнæй къæсæрмæ.

Æддæ æз уыдтæн, ам ды та дæ кæрты

Иронау дзурын нал хæссыс дæ сæрмæ?!.

 

Хазби, Хазби, о не ’фсымæр, нæ фыдæл,

Кæд ай хуызæттæй д’ адзалы бон тохы

Ныфс æвæрдтай. Ныдздзыназ уæд: гуыбындзæл

Дæ кады ном ныууагъта барæй рохы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН| КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.014 сек.)