Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Бонцъæхты

МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ |


Фæбырыд бонрухс, судзгæ фатау, арвыл.

Ыснарæг и, æхсæвы тарау, уд.

Дæ цæсгом дын æрымысынмæ хъавын,

Дæ комулæфт æмæ дæ ризгæ худт.

 

Уыди фыд зымæг. Миты сагъд бæлæстæ.

Æнцой изæр. Кæдæмдæр уад фæлыгъд.

Фынæй хæдзæрттæ кастысты нæ фæстæ,

Кæйдæр цырагъ кæйдæр рудзынджы сыгъд.

 

Æвдисæнæн нæ хъысмæтты тæрхоны

Дæ къæхты бынмæ ’ппæрста мæй йæ тын.

Нæ алы фембæлд уыд фæстаг хæрзбонау, —

Нæхи басæттын уыд æдзух нæ зын.

 

Æнæмæт æмæ хъæлдзæгæй дæу федтон

Æз уæд. Уыдтæ, хæххон донау, рæсуг.

Дæ цæстыты æнкъарæнты рухс фегом, —

Куыд феккуырсы цыргъ карды бынæй туг.

 

Рæдау æмæ мæм уарзты цæстæй кастæ,

Узæлыдтæ мыл къухтæй уа, дзырдтæй.

Хуыцау йæ зонæг, чи нæ уыди растдæр,

Фæлæ мæнæй æгæр раджы цыдтæ.

 

Дæ цæсгом дын æрымысынмæ хъавын.

Хуыснæгау раст, мæ уатмæ бон æрхызт.

Кæмдæр та къуымы хус къæбæртæ давы, —

Хыртт-хыртт кæны æнæрынцойæ мыст.

***

Æз зонын, фæззыгон кæрдойау та, искæд

Мæ зæрдæ æрфæлмæн уыдзæнис дæ цуры;

Мæ уд дæ рæвдаудзæн, куыд рæвдауы уисхъæд,

Йæ уидаджы чи баныхст, ахæм къæйдуры.

 

Уæд ферох уыдзысты — цы уыди, цы нæ уыд:

Хъуына доны ад мын кæй кæныс ды абон,

Кæй нал мæ фæтавы дæ уарзын, дæ рæвдыд,

Дæ сихы мæнг зондæй кæй кæнын æнамонд.

***

Æфснайд уат рызт. Цыд ног азы куывд гъæйттæй.

Цъæх пиллон калдта фынгдзырдæй, сæнæй.

Ды — арты ’взаг, цæстфæливгæ фæйлыдтай,

Дæ уарзæттæн æппæлыдтæ мæнæй.

 

Уыд д’арфæйаг мæ сыгъдæг уд, мæ хъару,

Рæдау дзырдтæ-иу расайдтой æмдзæгъд.

Бæгънæг чызгау, бæрзонд рудзгуыты хъармыл

Фæлмæн зымæг йæ урс риутæй ныдзæвд.

 

Лæдæрсти мæй дæ цæстытæм. Мæ къухы —

Дæ сырх нуазæн, дæ уæздан дзырдты буд...

Рынчын бæхау, фæстаг фæлварæн дугъы, —

Дæ лæгъз ныхæстыл цудыдта мæ уд.

 

Æмæ нæрыд фæлитой арв мæ удыл...

Кæнын ныр дæр мæ худинагæй сырх:

Дæуæн ма уыцы ’фсæрмдзæстыг лæппу дæн,

Ызнæт æмæ налаты номæй сгуыхт!..

***

Куыд афтид у хъуыды!.. Æнæсæттон къæвда

Сæумæцъæхæй зæрдæйы рудзгуытæ хойы.

Æргъæвсынц мæ уæнгтæ — нæ фæразын тæвды —

Ныххус и мæ ком, фæлæ нал кæнын дойны.

 

Æнахуыр хъуырдухæн! Мæ сонт уды дуармæ

Хъæр нал хъуысы, ’фсæн къулау, цин æмæ мастæй...

Мæ ивгъуыдæй — разы, мæ абоны сармæ

Æз агурын фидæн æвæлмон æнгасæй.

 

Нæ зонын, цы боныхъæд сыстад мæ разы.

Кæй артдзæстмæ сийын, цы мæ ’рхаста ардæм?

Мæ фыны дæ мысын, æви дæ нæ уарзын,

 

Мæ фыныл нæ хъæцыс, æви та мæм дард дæ?..

***

Дзæбидырау, поезд ныр айвæзта размæ йæ гуыр.

Сæ къухтæй та вагæттæ систой ысхойын кæрæдзи.

Нæ дондзаст перроныл ды — иунæг, æдзынæг, мæгуыр.

Мæ бирæ зæгъинæгтæй иу дзырды бон мæн нæ фæци...

 

Цы нæм ис дзырддаг та? Ирвæзæм кæрæдзийæ ныр,

Гыбар-гыбургæнгæ фæхæссы мæн рохуатмæ поезд.

Тæрккъæвдайы кафтау, нæ уарзт уыд æнæнцой, цыбыр;

Фæстагмæ — æнæбары систæм æфсымæр ’мæ хойау.

 

Цъæхснагдымгæ, сонтау, мæ рудзынджы кæрон цæвы.

Дыз-дызгæнгæ телхъæдтæ лидзынц, фæдисæттау, рогæй.

Мæ хъустыл ма уайы дæ зæрдæйы сусæг тæлфын:

Нæ хицæны сахат ссыгъди дæ ивгъуыд монц ногæй.

 

Уымæл цæстыхаутыл ныддæвдæг и уазал хъуыды;

Æнахуыр æнкъарæн: дæ хионы ’ддагонæй фенын.

Дæу та ныр нæ уарзты кæркуасæнтæм лидзын фæнды,

Дызæрдыджы хъул та æлгъыстагæн баззади хъенæй.

 

Сатæг уæлдæф поезд йæ риуы гуыдырæй гæрды.

Æгомыгæй, уарзæттау, вагæттæ сурынц кæрæдзи.

Нæ дондзаст перроныл æдзынæгæй баззадтæ ды —

Мæ бирæ зæгъинæгтæй иу дзырды бон мæн нæ фæци...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БЫДЗÆУ| ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)