Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ |


Читайте также:
  1. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  2. ИЗÆР
  3. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  4. РУХС ИЗÆР
  5. СÆРДЫГОН ИЗÆР
  6. СÆРДЫГОН ИЗÆР

Хъæд, бæгънæг чызгау, мигътæй йæ зæнгтæ æмбæрзы,

Арвы уазал цæссыгтæм æнкъардæй кæсы.

Дымгæ бастади, доны был афæлдæхт хъæзыл

Æмæ миты хъæпæнтæ йæ фыны хæссы.

 

Дон ныссабыр. Йæ хъæлæс ныффæсус и сæрды

Æмæ дурты къæбуттыл, хуыснæгау, хъуызы.

Кæсаг хуыры хъæццулæй йæ фæрстæ ныуæрды.

Уый цы домы: нæ йыл зоны зымæг хъызын.

 

Талынг цадæггай алвæста комæн йæ нарæг.

Мæнæ хосласæг галты йæ разæй тæры.

Чидæр фæндаджы былæй ныццæлхъ кодта зарæг

Æмæ куыйтæй æрбайрох æхсæвæр хæрын.

ИДИЛЛИ

Сæрсæфæны тигъæй æрвгæроны хахмæ

Зырнæйзылд дзæбидыр йæ цæхæр цæст дары.

Цъæх айнæг ысбыцæу, трамплинау, йæ къахмæ,

Уæддæр ын йæ фидар сæфтæгæй æвзары.

 

Болатриу уынгæг комы уазал нæ хаты:

Кавказы цыргъытæ — йæ хъазæн, йæ цæуæн.

Уый систа нæ зæххæй арв йе здыхт сыкъатыл,

Лæууы йæм, Антейау, æнустæм быцæуæй.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 50 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆ ФЫДÆН| БÆХЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)