Читайте также: |
|
Мæнг аууæттæ. Ыстулы рагъыл мæй,
Зына-нæзына тары пæлæз сисы.
Мæ Иры къæс уæд сабыр у, фæлмæн,
Ысулæфы йæ бонгуысты фæдисæй.
Хæрзæфснайд кæрты хъуг цæгъды сынæр.
Дыууæ тынау мæ хойы æрмттæй æхсыр
Сæх-сæх кæны. Йæ урс-урсид уынæр
Цыргъ цæвæджы сыгъдæг зæллангау хъуысы.
У циндзаст хъæу. Нæма кæны фынæй.
Кæл-кæлæй худын... Сусу-бусу... Зарæг.
Цыма зæххыл нæ уыди æмæ нæй
Фыдæх, фыдбон... Æддейау у сæ арæн;
Къæссавæлдæхтау сау рын æмæ хин
Сæ тæригъæдтæ баныгæдтой рагæй,
Æмæ лæгмар нæ кæны буц йæхи,
Тызмæг сырдау æхæлд атомы маргæй.
Мæ райгуырæн! Куыд чъызгæ у дæ цин! —
Фыдæй-фыртмæ хæстарыд у дæ зæрдæ...
Дæ нос-иу ног хъæдгомы бын фæци —
Æмæ зыны сæ дæсæй иу æрмæстдæр.
Æз та? Мæнмæ цы нæ хæрзамонд каст! —
Сæрыстыр дæн дæ хъæдгæмттæй дæ фыртау:
Мæ сабийæ сты гом зæвæтæй барст,
Лæджы кары — æлгъыстаджы фыдфынтæй.
Æмæ кæны мæн иу хъуыдымæ дуг, —
Уый хъуамæ зона афоныл ызнаг дæр:
Куы фемæхса зæронд хъæдгомæй туг,
Уæд у цыфæнды хотыхæй тæссагдæр!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | | | КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ |