Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Туркаг ироны хъынцъым

AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ | ЧЕСЕЛТГОМ | ПОЭТÆН |


Изæрмилтæ. У уæлдæф рог,

Цыма цæджджинагмæ бæгæны

Фæрсудзы чидæр. Уыцы ронг

Мæнæн хъылмайы ад фæкæны.

 

Мæйдар æрытауы йæ хыз.

Йæ быны та — мæлæтæй рохы,

Кæйдæр тызмæг арвы бын æз

Æвзонгæй базæронд дæн, оххай!

 

Фæсденджыз — райгуырæн бæстæ,

Æз та — уæлмит, уæлих. Фыдбонты

Ныггуыбыр дæн кæйдæр куысты,

Куыдзау мын аивтой мæ ном дæр.

 

Фæкус сæуизæрмæ, ыстæй

Дæ минас — сау дзул æмæ донæй.

Цæрын ма райгуырæн бæстæ

Мæ фынты феныны æфсонæй.

 

Ныр афонмæ уым хур кæсы,

Лæгъзбын уыгæрдæн хосдзау дасы, —

Йæ армыдзыхъхъы йын хæссы

Рæсугъд чызг уазал дон йæ размæ.

 

Хуыцаумæ нал кæнын æз хъаст,

Хъысмæт куырмау мæ сæрты ахызт:

Куы ’рхаудтæн ардæм, ууыл раст

Фæци мæ цардвæндаджы азфыст.

 

Бæргæ, зындоны дæр цæрин,

Нæ мын уаид цæнгæтау рафтæн,

Куы зонин: мысы ма мæн иу,

Æз куыд мысын мæ Иры, афтæ!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ| БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)