|
Уый нал у уарзт. Æрхъуызы мит йæ фазыл,
Бæрзонд хæхтæй рæупакъуытæ хæссы.
Дæ хæдзар — хъарм... Мæ зæрдæйы та — уазал, —
Тыхурæд монц зæйбадæнæй кæсы.
Куыд сабыр у... Куыд иугæндзон у рæстæг...
Æвыд — æдых, мæ сæрибарæй — хызт,
Цæрæнбонты дæумæ æнхъæлмæ кастæн,
Куы нал мæ хъæуыс, уæд ысног мæ рыст.
Зын у мæнæн мæ зæгъинæгты раз дæр! —
Нæ дуне — карз, нæ раст тæрхон — сæудзыд...
Æниу, дæуæн цы уæлдай у, мæ уарзтæй
Ыскæндзынæ, кæй уарзтай, уымæн цыт.
Æмæ зæххыл цы уыди, уый уыдзæни:
Рæдау — ызнæт, тыхагуртæ — сæрæн.
Кæс-ма, мæлæт — мæ иударон фæсдзæуин —
Куы ’рбазына,
Уæд-иу
Æрымыс мæн!..
ЧЫСЫЛ НЫВ
Хур. Гом рудзынг. Сонт чызг йæ фырты цæрдæг
Къухтыл ныззилы. Йæ кæл-кæл, æрвнæрæгау, хъуысы.
Зæрæдты хæдзарæй та рацæуы урсбоцъо лæг,
Йæ бирæ хъæбулты сæргуыбырæй мысы.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
AElig;МÆ УÆДДÆР... | | | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС |