Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР ГОРÆТГÆРОН

СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН | УАЛДЗÆГ | ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | ХÆРЗИУÆГ | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ | ДЗЫРДЫ ФАРН | ФÆСМОН | ФЫДЫ КЪÆС | ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ | МÆН ЧИ НÆ ЗОНЫ, УЫЦЫ ХÆЛАРÆН |


Читайте также:
  1. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  2. ИЗÆР
  3. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  4. РУХС ИЗÆР
  5. СÆРДЫГОН ИЗÆР
  6. СÆРДЫГОН ИЗÆР
  7. ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР

Æрхуым, фæлмæн у ацы изæр хъæд,

Уæлдæфдзæссыг тæдзы йæ хихтæй, ризы

Туристты хæдзар. Музыкæйы хъæр

Хъыллист кæны, цыма йæ уд фæисы.

 

Сыгъдæг у арв. Йæ дæллагхъуыры — мæй,

Къæлæтау æй æрыздыхта фыдуазал.

Рæхджы — зымæг. Хуыздæр амæндтæ нæй,

Йæ уастæй уасæг агуры йæ адзал.

 

Æвæндонæй, хъуыр-хъуыргæнгæ, ныххызт,

Къæйных сабиау, мæры хъуырмæ къада.

Кæцæй ма йæм цы бафтайыл у мыст:

Фæхистæр и йæ рагон тасæй фадат.

 

Мæ лæмæгъ нал хæссын мæ сæрмæ,

Мæ рог митыл фæтых æнкъард...

Кæнын мæ хиуæттæй æфсæрмы

Æмæ та сæ фæлидзын дард.

 

Ныууадзын а дунейы цинтæ,

Мæ къух сыл ауигъын мæстæй,

Цыма кæйдæр æххуысæй зинтæ

Мæн дæр фæхай кодтой цæстæй.

 

Æмæ ныууынæргъ гъе, уæд, галау,

Æртæхнад дидиныл ныххау,

Дæ зынтæ ма рахъæр кæн, мауал,

Æрæвæр цæстыхауыл хау

 

Æмæ ныффынæй у. Дæ сонтæй

Мыс рагон зарæджы мыртæ.

Кæддæрты дыл ивгъуыдтой бонтæ, —

Тæхынц дæ рог азтæ ныр та!..

ÆМГАРМÆ

Хъазгæмхасæн

Ходы Камалæн

Æз, чи зоны, ацæуон тагъд,

Рыгзæйты рæстæг уа, тæрккъæвдайы.

Дæ хорзæхæй, ма-иу кæн загъд, —

Мæ тæппуд нæ уыди мæ тæргайæ.

 

Æниу ма тæргай кæнын чи зоны —

Мæ тæргай дæр ууыл у!

 

Нæ, фаутæ нæ хæссын, мæ цард

Æз уарзтон тыхсты уа, æвæрæзæй,

Фæлæ ма куыд нæрдзæн нæ зард

Дæлдзæхæй уæлдзæхмæ æмхъæлæсæй?!.

 

Æниу ма цы ахъаз у зард —

Мæ зарæг дæр ууыл у!

 

Гъей, рухс дуне, мауал у карз, —

Мæ хæлар дæ хæрзтæй фæхъæстæ уа!

Цы равзæры уарзынмæ, уадз,

Йæ уды фæндиаг фæрæстмæ уа!

 

Æниу ма цы хъомыл у уарзт —

Мæ хъынцъым дæр ууыл у!

 

Мæнæн та-иу ма тæрс, мæ бон, —

Аминон мын кулдуар нæ кæндзæни,

Фæлæ та æддейæ дæр, зон,

Барастыры муртæ ныххæрдзынæн!

***

Бон æрхуыссыд æхсæвы фæдджитыл.

Уазал горæт мигъфæлмы ныттар.

Уынгтæ-сабыр. Нал та хъуысы цитт дæр,

Адæмы хъаугъатæй сафтид цард.

 

Мæй — фæллад. Фæлурс тынтæ æппары,

Арвгæрон йæ рухс цæсгом ныссау.

Кæд мæ уд йæ фæндиæгтæ хъары,

Царды цинтæй, ма уа лæгъз, фæзау...

 

Рудзынгыл йæ фæрстæ хафы уддзæф

Æмæ мын лæгау фæци мæ фаг:

Нæй зынæгдæ къæрис фынгмæ ахсæв,

Удгоймæгтæн удæ ном хъæстаг.

 

Нæ, мæ цард нæ нымайын æз тохыл,

Ахæм тох сæрмæ хæссинаг нæу,

Искæй уд уа рухс амондæй рохы, —

Надвæдыл тырындз кæна мæ нау.

 

Мæн фæнды, ныййарæджы цæстытау

Арв æрттива — рухс æмæ фæлмæн.

Уадз фæуа æнусбонтæм æлгъыстаг

А зæххыл козбау лæджы кæлæн.

 

Æмæ барын ме ’намонд, мæ иунæг.

Рухсы тынау у мæ уд æргом,

Æмæ уадз, мæ къæсы уахъæз ниуа,

Уа хъæстаг кæмæндæрты мæ ном.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗОНДАМОНÆН| МЕ ’РТÆ МАГУСА ХÆЛАРЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)