Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Се знагыл мæ чи нымайы, уыдонæн

ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ | СОЛЬВЕЙГ | СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД | СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН | ЗАРÆГ | ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Лæгæн нæ уыд сымахты æхсæн кад.

Уæ иунæг тох — пайда зонгæтыл, мулкыл.

Æрдзы фæткæй, æвæццæгæн, ысбадт

Уæ ном къуыдыр калм æмæ зулкъыл.

 

Уæ хъуыды у, куыройы нукау, раст:

У бонзонгæ, козбау æмæ нымдсабыр,

Лæджы фыртæн-иу макуы ракæ хъаст,

Хæссы, зæгъгæ, дæ хуыздæры уд сау рын.

 

Уæ царды бонтæ уе ’нгуылдзтыл нымад

Адзалы онг. Æппæтмæ дæр цæттæ стут:

Æхсары уысм уæ хуыкком у æфснайд,

Цъæх арвы бын тымбыл гуыбын æфсæст у.

 

Къуырма Хуыцау сымахæй хæры ард,

Уæ развæдыл — фæлмæн æмæ лæгъз цъæнут.

Фыднизау мын уæ уынд дæр у æнад,

Фæлæ уæддæр уæ фæндиаг фæцæрут.

 

Мæн та фæнды, — мæ куывд хæссын æргом, —

Уæ хъузонтæй мæ нал хъæуы æрвад дæр,

Уæлон царды уа, м ’адзалы кæрон,

Æхстбæрцмæ-иу лæуут мæ удæй дарддæр.

ДОМБАЙЫ ЦÆССЫГТÆ

Парчы æфсæнбыд лæсгæры бæрæгастæу

Мардæй сыл домбай хуыссы.

Йе ’мкъай йæ уæлхъус ныджджих и, уæрагсастау,

Мардмæ кæсы.

 

Рог ыл æруадзы, мæцъистау, йæ дзæмбытæ,

Рустыл — йæ цæссыгæй фæд.

Хом фыдмæ не ’вналы, сусæг æдзæм куыдæй

Дзуры йæ мæт:

 

«Дунейы тар мыл дæ уындæй æрбабон и,

Ардæм куы ’рбахызтæ, уæд...

Артау мæ тавта дæ уды рухс абонмæ, —

Айсæфт мæ маст!..

 

Цард-иу мæм мидвыны касти сæрибарау,

Цыма æфсæйнаг æмбонд

Цæсты раз атади... Удæнцой, хибарæй

Скодтаин цот...

 

Уæнтыл æрбаппæрстон цингæрц — мæ уæлæфтау,

Барцы хъуын сыстади рог!

Гъеныр мæ афтид цыппар къуымы балхъывтой

Аркъауы ног...»


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
РАЗДÆХ| УАЛДЗÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)