Читайте также: |
|
(Дард Хурыскæсæны. 1913)
Ам ме ’нусон катай мæ риуы нæ цæуы, —
Мæ уд мын æлвасы мæ хъуырæй...
Мæ хæстдзагъд Ирыстон, фæцæуын, æрцæуын
Æмæ та дæ ссарын мæгуырæй...
Цы хорзмæ бæллыди уæвгæйæ дæ фæдон?..
Хæтæнхуаг — йæ исæй, йæ бонæй,
Уæддæр, дам, фæтæха зæрин саг — йæ фæндон
Дунемæ фыдыбæсты номæй!..
Мæ тых дын хъызт бонты нæ уыди уæлæфтау,
Нæ истон дæ ирд ном хæлынæн...
Тæхуды, йæ райгуырæн зæххы сæрвæлтау
Кæмæн фæцис фадат мæлынæн!..
***
Уæдæ, кæм и фæндон хæрзтæ зæххыл!
Нызмæлдзæни рæхджы нæ кæмтты уалдзæг, —
Æрвон тыгъдады урс — рæсуг цъæхы
Уыдзынæн æз сæнтног дунейæн уазæг!
Къуытты бонтæ мæнæй уыдзысты рох, —
Сыгъдæг хъыгтæ, æхсæвдзырагъы ризын...
Нынкъуысдзæни йæ арф рæбынтæм хох,
Зæйуат тæссары ноггуырд уæрыкк хиздзæн!
Ныззилдзæни уæд дзывылдар йæ къæс
Нæ хъуынаварс, нæ мадзура чъырыны,
Мæн ма хъæудзæн нæ дунейы æрмæст
Цæстыдзаг — рухс, чысыл фадат — цæрынæн.
Мæ зæрдæйы та сулæфдзæн цъæх арт,
Рæудымгæ та йæм бассивдзæн йæ дыстæ;
Цæудзæни та æрдуйы хидыл мард,
Æмæ фæсномыг нал уыдзæн мæ рыстæн.
Нæ хатдзæн хъуыды нæ — æнус, нæ — кар, —
Нырриздзысты мæ уалдзæг æмæ абон.
Цы уысм цæуы мæхи удыл мæ бар,
Уый басгуыхдзæн, мæ рох ивгъуыдау, амонд!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ФЫДÆНХЪÆЛ | | | РАЗДÆХ |