Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ

НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН |


Уый зымæджы хъæдкъулы фасты баргъæвст.

Хуыссыд тымбылтæй, талынг къуым — йæ цъысым,

Ныууагъта-иу изæрыгон йæ ахæст, —

Цыдæр фыста цырагъы рухсмæ фысым.

 

Ысхъæлдзæг-иу! Æрцагъта-иу йæ ала, —

Мæрдвынæйæ æрвыста бонтæ, азтау, —

Æмæ-иу азылд сойдзырагъы алыварс,

Кæлæнгæнæгау, удвæндиаг хъазты!

 

Тæнбазыртæ, уæрццы айкау, — хъулон,

Нысхуыста-иу йæ тæлтæг зæрдæ рындзæй!

Дывдывгæнгæ-иу цырагъы тын-уылæн

Цæртхуынкъ фæкодта, цъиусурау, йæ фындзæй!

 

Ыстæй-иу цыма ног йæ сомбон мысыд, —

Кæм æй фæндыд, æрбадтис-иу уым хъармы...

Йæ дыв-дывмæ æрбамæсты йæ фысым,

Æмæ йæ хъавгæ рацахста йæ армæй.

 

Фæтарст, мæгуыр: æвæццæгæн мæ мардзæн...

Æркаст æм фысым — гæлæбу æнахуыр:

Фæлмæн бырынкъ, æндæдзаг буар, тардзæст,

Æрттывта рухсмæ урс-урсид дæллагхъуыр...

 

Æррæвдыдта йæ фысым дæр йæхицæн:

Нывæрдта йæ æфсæйнаг къоппы цадæг,

Æмæ дзы кæд йæ хуры рухс фæхицæн,

Уæддæр æнхъæлдта фысым — бафсæст цардæй!..

 

Уый коммæгæс уыд... Къуымрæбын ныббырыд,

Нæ хоста уый æфсæн дуар йæ сæрæй...

Æрмæст-иу хатгай базмæлыд йæ чырын

Тæссонд базырты ризæгау пæр-пæрæй...

***

Зæрдæвæндоныл чи батоны цард?..

Йæ рахиз фæрсты чи цыди Хуыцауæн,

Гъе уымæ дæр фæсмоны рис æрхауы, —

Фæндаггонау, фæмæнг кæны йæ ард.

 

Хатыр! — фæцæуы удрæбынæй хъæр, —

Мæрдты зындон мын ма фæуæд æрмæджы!..

Фæтæхы арвмæ нарты фат-цæхæр,

Дыууæ дихæй нæ зæрдæсæр ныссæдзы.

 

Йæ дæлфадæй ныккæрзы гъеуæд лæг:

Зынгыстъæлфæнау ферттывта мæ зæрдæ,

Фæлæ зæры бон у мæ къæс нымæг,

Мæ арты пиллон — ингæны фæзгъæртæ.

 

Хатыр... Æмæ цы удæн уыди барст,

Дæ фыдракæнд, мæрддзыгойау, дæ фæстæ

Куы цæуа, уæд?.. Хуыцаумæ ма кæ хъаст,

Лæгæн та макуы, макуы хъар дæ лæгъстæ!

 

Цъыззыйы къуылых, — хин æмæ кæлæн,

Дæуæй æз никуы ракурдзынæн хатыр,

Ды мын ныббар мæ сонт рæдыд мæнæн

Дæ мид-зæрдæйы... барон лæгау, нартау!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ| ЦАРДЫ ЦИН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)