Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Царды цин

ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ |


Цæрынмæ хъавын æви цард фæци?..

Цы фарн сагъуыди, ичъийау, мæ удыл?..

Ныххау дæ уаты, райсом ног æрчъиц, —

Ныххойы чидæр тарваз æмæ худы!..

 

Ныййазæлы тъæлланг-мæллангæй ком, —

Уый боны маргъ тæрс-къудзитæй ыстæхы!

Ныхыйас хур, сывæллонау, æргом

Ныццин кæны йæ базырты æртæхæй!

 

Æз та хуыссын!.. Цæй сонт лæг и мæнæй!..

Зынгæмбæрзæнау, асхойын мæ хъæццул...

Кæсын... Адзал мæ дæлфæдтæм фынæй...

Цæугæ, сылваз! Ды рагæй дæ дзæгъæлдзу!..

 

Æмæ цæуын сæууон хурмæ, цæрын, —

Мæ мид-зæрдæйы сисын райгæ зарæг!

Æниу æй зонын, иу афоны рын

Уыдзæн мæ удæй хуры ’хсæн хæдарæн.

 

Фæлæ нырма мæ сагъæсы сæр нæу,

Ыстæй мæ зæрдыл иу рæстаг дзырд дарын:

Ис царды цин, йæ сæрыл кæн быцæу,

Æндæр куырыхон, сиргæ зонд цы мары?!.

***

Куы раног вæййынц мæ мæстытæ,

Куы нал вæййы цардæн фезмæлд,

Уæд ферттивы æваст мæ цæстыты:

Æрцæр та мæ уды, ме знæт!

 

Куы дыл æвварс кæной кардзыдæй

Гуымыдза фыркъа æмæ дзылы,

Цы ис уæд рæдауæй, уарзынæй,

Дæ сабыр — дæхи фыдбылыз!..

 

Ызнаг дæ ызнагыл дæ лæмæгъæй

Куы нæуал нымайа царды,

Цы уæлдай и уæд, цъæл хъæллæгъау,

Дæ удæгасæй — дæ мардæй?

 

Лæгау дын салам куы нал зæгъой

Хæлæрттæ, — дæ хорз уæд рох у! —

Уæд чи нæ бацæудзæн а зæххыл

Йæхи уды сæрыл тохы?

 

Хъæр нал хъуысы фидæн-амондæй,

Уæртджын хæфсау у йæ фезмæлд,

Уæд сидын: æрцæут рагбонтæй,

Мæ удвидар æмæ ме знæт!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 57 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ| ГОРÆТЫ НЫВ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)