Читайте также: |
|
Ой, Хазби!
Дыууæ доны астæу дæ цирхъы цъыччытæй
Ызнæгтæ хъæрзыдтой, —
Нæ урссæр хæхтæ дыл сæ митбецыччытæ
Зæйкъухæй фæтыдтой.
Хъобаны рæсугъд ком къæй дурæй æхгæд у
Раст Мусы æрдузмæ, —
Нæ Иры чысыл зæхх нæ тугæй æлхæд у
Æнусæй æнусмæ.
Хъуымызбыл байрагдæр нæртон балцы ахатт,
Уæд сау æфсургъ фесты, —
Нæ Иры фæсивæд дæ уынгæджы сахат
Дæ цуры нæ фесты...
Нæ хохбæсты къада къæйбынæй куы хъары,
Йæ комы хуыз сау у, —
Дæ бынылзад мад та йæ тæригъæд хъары
Æгомыг Хуыцауæн.
Нæрæмон уæныгмæ йæ зилæджы къæлæт
Æмхиц у йæ рады, —
Нæ Иры лæппутæн дæ иунæджы мæлæт
Мыккагмæ æгад у!..
Ой, Хазби!..
МÆ ХÆЛАРМÆ
Хуыгаты Резойæн
Ды мæ амондыл æууæндыс...
Дзаг — æнæсгæрст хох сырдæй.
Мæн æцæгæй дæр фæфæнды
Сау рын басæттын дзырдæй.
Ды цæрыс бæрзонд Къуыдары, —
Арвау ферох и мæнæй...
Уым дæ къæбиц уа, дæ арынг
Дзагуæливыхæй, сæнæй.
Уым æхсæвы тар куы сысты,
Мæй куы ратулы кæхцау,
Цыма хохагæн æххуысмæ
Радары йæ къух Хуыцау.
Уæд æхсыры хъæндил, зинау,
Суры йе ’рттывдæй дæ фын.
Хъæу ныссабыр и, дæ цинаг
У дæ зæрдæйы тæлфын.
Урс æхсæрдзæнты рæу хъæлæс
Комы сау къæйтæм хæцы.
Æмæ лæг куы уа æвæрæз,
А цардыл уæддæр хъæцы.
Æз цы нæ рыстæй фæрыстæн,
Фæлæ — удвидар фыдæн!
Ахæм амонд мын ныффыста
Дард фыдæл.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
СÆРИБАР | | | ИЗÆР |