Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ

ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ |


Читайте также:
  1. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  2. ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  4. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  5. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  6. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Нал уарзын. Мауал тæрс. Баууæнд.

Абон дæ дзыккуты уад

Сыстад æмæ та фæйлауы

Цæстыты арт...

 

Дисы æфтауы тæлтæг лæджы

Арвы æнæбын мæра, —

Цардæн нæ цæуы йæ тæнæджы

Ахæм æрра!..

 

Чидæр фантаны пырхæндæгæй

Бахуды — ферох ын нæй.

Узгæ хæристы æрхæндæгау,

Адард и ивгъуыд мæнæй!..

 

Гъеныр дæ рæдауы изæртæй

Чи у æввонгæй æфсæст,

Уымæн-иу ме знæт æргъиузæрдæ

Макуы бауарзæд дæ цæст!..

***

Ныр цы хуызæн дæ, ахæмæй дæу

Уарзын нал у мæ бон.

Згъæлы фæззæджы сатæг мæнæу, —

Хуым ивазы йæ ком.

 

Тухы хъуыдытæ сагъæсы ’лхуый.

Риу, зæйуатау, — хъуынтъыз,

Цыма царды цы агуырдтон, уый

Ногæй байсæфтон æз.

 

Æмæ уадзын хъысмæтæн зæвцæй

Ныр дæ уарзтыл мæ бар,

Раст фыдызæххыл карды цæфæй

Тохы ’рхауæгхъайтар.

 

Сурын ногæй мæ аууоны тын, —

Кæд йæ разæй фæуин!..

Амонд — доны тæбæгъау, йæ хуын.

Цард — чъындыкъух æфсин.

 

Гъæтт! Цы къуытты мыл бафтыд уæдæ

Хъæр нæ уарзы мæ цæст:

Æз хæсдзынæн мæ зæрдæйы дæу,

Æз — цы хуызæн дæ, уымæй æрмæст.

 

Судзы лæгау-лæджы рæдау дæ цæстыты,

Сабыр хъуыды сыл фидауы хуыздæр.

Сахъ лæг, дæ уæздан рæсугъды, æдзæм рыстæй,

Уарзтон æз дæр.

 

Гъеныр æм зæрдæ кæсы, цыма дауæны

Кæсаг хуыскъ доны былтæм.

Къухы йæ хъахъхъæныс, авгау, æрхауынæй, —

Афтæ йæ уарзтон æз дæр.

 

Фæлæ нæ разынд мæ царды йæ фаг хæрзтæ.

Бафснайдтон риуы мæ уарзт.

 

Дзаг цæст æввахсмæ нæ уыны, — мæн дард бæстæм

Сайдта дзæгъæл маргъы уаст.

 

Фаг мын нæ кодта цъæх айнæг, кæм баризы

Сау хохы иунæг бæлас;

Фаг мын нæ кодтат сымах æмæ а изæр,

Æмæ мæхи уды маст.

***

Ныххуыссыд зæххыл мигъ, æмæ кæйдæр кæрты

Æппынфæстаг кæнын дæуимæ хицæн.

Хуыцауæй дæн æлгъыст, æмæ фæнды

Мæн бахъахъхъæнын дæу мæхицæй.

 

Цы хъуыди мæн дæуæй? Цы рухс амонды охыл,

Тыххæйгæнæгау, бабырстон дæ цардмæ?

Цырагъау дæ сыгъдæг!.. Гуымир, æзнæтæй хохы

Æз басгуыхтæн мæ саби дугæй ардæм.

 

Цыдысты бонтæ тагъд. Æз дæр æй ныр æмбарын:

Мæ сонт хъуыды кæй уыд дæ сæрыл тохы нарæг.

О, уарзын æз зыдтон!.. Фæлæ мылазон тары

Æнцойхæссæг уыди мæнæн æрмæстдæр зарæг...

 

Ныдздзой кæны мæ сæр. Мæ быны зæхх лæбыры.

Æнусон хъизæмар мæ удæй хъазы ног.

Зæххыл цы агуырдтон, мæ цæсты раз уый гуыры,

Кæны йæ папылой мæ сау хъуыдыйы ронг.

 

Хæрзбон, мæ удлæууæн! Нæу иунæг удæн хъауджы

Дæ уарзты рог фæсмон, мæ къуытты рис мæнæн,

Сæуæхсиды тынтæм æрыхъал горæт раджы,

Хъыс-хъыс кæны уæддæр зæронд зæххы сæмæн...

***

(С-йæн)

Фæсмоны æрхæндæг нæу удыхос амондæн.

У дуне æнæмбæрст, кæй ивы æдзух.

Дæ сатæг хъæлæс мын у ахсджиаг абон дæр —

Нæ тавы мæ риу, цыма хъусæй дæн цух.

 

Сырххъулон гæлæбу — цъæх уалдзæджы фидиуæг,

Фыццаг хатт ыссардта дæ хъуыдыйы ас:

Къæмдзæстыг уылæнæй, тæссонд буар дидинау.

Дæ цæстыты ивылы уарзт.

 

Цы хорз ма фæйлауы дæ катайы сойдзырагъ?

Мæ хъуыды нæ ахсы бæстон:

Рæсугъд уыдтæ афтæ, куы нæ уыди койы аргъ

Дæ удæн мæ ницæйаг ном?

 

Йе цард у уысмыл баст, поэты ныфсæвæрдау?

Æвæццæгæн, афтæ у раст!..

Къæмдзæстыг уылæнæй, тæссондбуар дидинау,

Дæ цæстыты ивылы уарзт.

Орджоникидзе, 20.04.72 аз

***

У сабыр сомихаг æхсæв.

Фынæй у хъæу йæ хъарм хъæбысы.

Кæмдæр ма къæйдурты æхсæн

Мылазон тары къада сысы.

 

Дыргъ бæлæсты æмыр къæс-къæс

Хæссы æгуыппæг уатмæ дымгæ.

Æрцу, луасигæндтæ ’рхæсс,

Мæ дуне, ацы изæр фынгмæ.

 

Уæ къæбицы лæзæры сæн, —

Æвдадзы хосау у йæ хъæстæ.

Ам нæй æмдзæвгæтæ фыссæн, —

Ныффысдзæни сæ цард нæ фæстæ.

 

Æрымысдзæн, хæрын дын ард,

Æппæт мæ сæфтдзаг уды гаккæн.

Ныддаргъ, къæвда бонау, мæ цард, —

Нæ басгуыхтæн дæ уарзты аккаг!

 

Мæ ныфсы айнæгварс цатыр

Мæхи аххосæй, галау, цуды.

Мæ дуне, нал курын хатыр, —

Мæ зæрдæ, сау тæппалау, дуды.

 

Ныббар мын иу хъуыддаг æрмæст,

Мæнмæ бæстысæфтæй кæй хъуысы:

Æгуыппæг сомихаг æхсæв

 

Мылазон тары къада сысы...

***

Кæд рагæй нал фецтон æз цæу!..

Æви мæ зæрцæйы тæлфынæй

Уæ къæсы нал цъæх кæны нæуу

Æмæ цæ нал уадзы æрфынæй?

 

Цы хорз у ракæнын мæ бон,

Уый не ’ххæссы нæдæр мæ уцыл.

Дæ номыл райгуыргæ фæнцон

Цæстыныкъуыддмæ ’рзилы фурцыл.

 

Æмæ тæхын, æхст фатау, æз, —

Ыссуцзы сусæны мæй риуы.

Сæрсæфæны нывзилын хыз —

Кæм у лæг царцы хъузон иууыл!..

 

Æз уарзын цæу æмæ мæ туг

Кæны тæлфгæ зæрцæйы ихæн.

Хæссы мæ, рог бæхау, мæ дуг,

Кæд у æнæввæрсон мæ сихыл!

 

Æмбары: дæн уысмыл хæст æз —

Рæстæгмæ аззайцзынæ рохы.

Æнæхин царц æмæ цæ хуыз

Уынын мæ цин æмæ мæ тохы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 68 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ| AElig;НÆЗОНГÆЙÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)