Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ирыстоны хъайтар Джиоты Владикы зарæг

ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН | УАЛДЗÆГ | ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ | СÆРДЫГОН ИЗÆР | МАДЫ ЗАРÆГ | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС | ХЪАЗÆН НЫХАС | РÆТТÆЙ ХЪАЗТ |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  5. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ИРЫСТОНЫ ГИМН

Фæмард гуырдзиаг лæгмарты ныхмæ хæцгæйæ.

Ой,

Къуыдары хæхтыл нын цæй рухс бон ныккодта, —

Сæ тæккæ бынмæ та зæлланггæнаг суадон

Йæ зарæг ныккæны.

— Кæсут-ма, лæппутæ, уый Джиоты Владик

Йæ сагсур æмбæлтты

Пырисы[3] къуылдыммæ

Сау хæстмæ фæкæны.

 

Ой,

Иры нæртон гуырд, дам, афтæ куы бадзуры:

— Афганы бæстыл, зæгъ, мæ сау туг куы калди

Кæйдæр сæрыл тохы,

Уæд мын ныр мæ зæхмæ цы лæгсырд лæбуры,

Æз уымæн мæ Иры æгæрон мæстытæ

Куыд ныббарон, оххай!

 

Ой,

Чъребайы сæрмæ, дам, нæ цъæх-цъæхид арвыл

Æнæсæттон цæргæс уæнгрогæй æрзилы —

Йæ хъæзтытæй буц у.

Владик, дам, фæзæгъы: гъæй, мæнгард гуырдзиаг,

Фæсвæдæй цæвын кæд тæппуды нысан у?! —

Æргом хæстмæ рацу!

 

Ой,

Абон мæныл дæр мæ рухс бон нытталынг,

Мæ тугæвдылд риуæй ызнаджы фыднæмыг

Ыстонын нæ комы, —

Мæ чысыл саби та йæ саударæг мадæн

Йæ хъуырыл ныттыхсы: цæуыл ын ныккæрзы,

Гъеуый дæр нæ зоны...

 

Ой,

Терегуаныхъæуыл[4] цæй сау мигъ æрбады, —

Тыхдымгæ йын тоны йæ хъуымбыл дзыккутæ,

Уæддæр ын нæ тасы.

Владик, дам, бадзуры: «Нæ Иры фæсивæд,

Ызнаг саст куы ’рцæуа, уæд-ма-иу ныззарут

Мæ ингæны къæсыл!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЭПИТАФИ| ПОЭТÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)