Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС. Мæ хойы хъæбул Къораты Аланы рухс ном дзы арын.

АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН | АРАППÆН | МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН | УАЛДЗÆГ | ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ | СÆРДЫГОН ИЗÆР |


Читайте также:
  1. АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ
  2. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  3. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  4. МАРДЫ УÆЛХЪУС
  5. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ
  6. ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

Мæ хойы хъæбул Къораты Аланы рухс ном дзы арын.

Мне стыдно, когда умирают

Люди моложе меня.

И. Сельвинский

Нындзыг ысты дæ тæлфаг уæнгтæ ныр,

Дæ цæсгоммæ ныккæсын гоби, сонтау...

Дæ цард, зынггур гæлæбуйау, цыбыр,

Куы нæ дзы зынг, куы нæ дзы амонд федтай.

 

Уæд ныр кæдæм? Кæдæм цæуыс, мæ хур?

Дæ ласгæ мард ма бафтыди нæ Ирыл?!

Ныййарæгæн йæ цæстысыг ныссур,

Дæ фыдæн та нызгъæлдзысты йæ риумæ.

 

Дæ табæт дæр, фыдбойнагау, мæгуыр,

Нæ фæхæццæ дæ райгуырæн къæсæрмæ.

Æнхъæлмæ дæм уым кастаид, бæгуы,

Дæ мадымад йæ ингæны фæзгъæртыл.

 

Фæлæ кæм ис! — Дзæгъæйладжы хъысмæт

Кæны нæ Иры хъæбулты гæныстон;

Йæ сæрвæлтау — дæ хъизæмар, дæ мæт, —

Мæлæты ды дæ сæрмæ дæр нæ хастай.

 

Ныр цу, уæдæ! Æлгъыстаг фод йæ къæс,

Цы лæг нæ зоны иу цæссыг æрсæрфын...

Дæ ацыдæй та дзыллæйы æхсæн

Мæ удæгасæй æз кæнын æфсæрмы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 67 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МАДЫ ЗАРÆГ| ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)