Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

АРАППÆН

АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД | МÆ АДÆМÆН |


Уæд цы фæдæ, мæ дугъон бæх? —

Æз куы ныйивтон раджы кæддæр

Дæу суари-капеччытыл

Бухъзæрдæ лæгæн —

Æвæрæз, æвадатæй?

 

Кæсын дæм нæ уарзта мæ цæст,

Куы айста гъеуыцы

Æхцаджын, къæрных лæппу

Дæ нывæфтыд идон

Мæ къухæй.

 

Дæ мыр-мыр ныццарыдта ком, —

Æртæ хатты расхъиудта саргъæй

Дæ ног хицау,

Фæлæ та-иу идон,

Æлгъыстагау, аззад йæ къухы.

 

Мæ кæуын ысхæццæ мæ хъуырмæ,

Фæлæ афтæ у цард:

Мæгуырæн йæ хорз дæр кæйдæр вæййы!

Мæгуыр та уыдтæн, мæ уды сæрибар кæй хъахъхъæдтон,

Æмæ... сылгоймаджы мастæй.

 

Ныр цы фæдæ, мæ сау æфсургъ?..

Уый дæр дæ —

Хъочах —

Ныууæй кодта авд-авды аргъыл

Æндæр бæстæм...

 

Уæд афтæ: нывзил-ма кæддæрау

Цъæх-цъæхид кæрдæгмæ дæ барæджы

Æмæ расхой цыппæрвадæй

Нæ Иры бæстæйы

Бынылзад Къуыдармæ.

 

Æз æнхъæлмæ кæсдзынæн

Дæ фæдисон мыр-мыр,

Дæ зæлланг хъæлæсмæ

Æхсæв уа йе бон уа —

Æгасæй уа, мардæй!

 

Æмæ гъеуæд, æмгæрттау,

Нæ сабыр къæсæрыл

Фæпъатæ кæндзыстæм кæрæдзийæн:

Ды — мæ уадултæн,

Æз — дæ барцæн!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 39 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН| МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.004 сек.)