Читайте также: |
|
Ныйирд и бон. Нызмæлыд хъæд,
Сæ цъиу-цъиу нал æнцайы мæргътæн...
Цæй, гъа, цы уа, гъеуый та уæд —
Мæнæн дæр барухс и мæ зæрдæ.
Ды ацыдтæ. Дæ фæстæ ма
Нæ урс къада тыдта йæ рустæ:
Лæгæн хуыздæр къæсæр кæм уа,
Гъеуым ын у цæргæ æнустæм, —
Уый зоны алчи дæр. Фæлæ
Нæу цард уæлибыхы къæристæй,
Дæ уд — рæсугъд æмæ фæлмæн —
Уыдтæ мæ цин, мæ уарзт, мæ риссаг.
Фæхастай, рог зæдау, дæхи,
Кæугæ-ниугæ, æцæгæлонау,
Мæ сонт къæсæй. У цард фыдхин, —
Лæджы зынтæн сæттын нæ комы.
17.01.96
***
Æз куы ацæуон, гъеуæд мыл
Сæ цæссыгтæ калдзысты
Мæ сираг æфсургъ уа, мæ уарзон чызг...
Мæ мад мыл нæ кæудзæни, уымæн
Нæ уыди кæуинаг йæ хъæбул.
Мæ ус дæр ыскæндзæни саутæ
Æфсоны-æфсæнттæй;
Мæ фыд — уый цынæ зынтæ зоны
Йæ хæсты быдырæй,
Æмæ йæм нæ кæсдзæни диссаг
Мæ уды фæстаг бон.
Мæ хæлæрттæ? — Уыдон мæ ацыд
Нæ уырндзæни — зонын,
Кæд ма мæ æрымысой искæд,
Уæд уыцы афонты
Мæнæн хъарм кæндзæн ингæн
Мæ хырыз ыстджытæ.
ХОХАДЖЫ НЫХАС ХУЫЦАУИМÆ
Хъазгæмхасæн
О, худæг мæм кæсыс, Хуыцау,
Лæджы ысулæфын нæ уадзыс, —
Æз дæр дын кувин, фæлæ, ау,
Цы хорз кæныс, гъеуый-ма радзур!
Нæ уаз фыдæбæттæ, нæ зын,
Фæлдисæгау ысты дæ цинаг:
Фæсайы мах, мæгуыр, нæ фын,
Æмæ та афтид у нæ рифтаг.
Рæсугъд, æрвон рухсау, нæ цард,
Цы уд нæ кæны уымæй сомы,
Фæлæ дзы нал хæрын æз ард,
Дæуæй дæр ницы хорзæх домын.
Кæм нæй нæ хохрæбынты сой, —
Хуычъы, хъæбæрхорæй — мæ дзултæ,
Æмæ мыл уадз æмæ кæсой
Мæйтæ уа, хуртæ.
30.01.96
ХУДÆДЖЫ ÆМДЗÆВГÆ
Уæд æрсæрфта йæ боцъо
Хаджеты Таймураз
Æмæ загъта: цæугæ мын у ныр! —
Кæд рæстмæ уа мæ фæндаг,
Кæндзæни мыл хур аз, —
Науæд афтæ: мæгуыр у мæгуыр!
***
Æз дæу равзæрстон ме ’намонд уарзты фæстæ,
Рæсугъд дæ, фæрдыгау, æрттывдтытæ калыс,
Дæ цæстытæ — хохаг цъæх цадау... Сæ алварс
Ныззоныг ысты, нæзхъæдау, дæ къæлæт æрфгуытæ.
О, хатыр фод. Дæуимæ къæмбыртыл цæугæйæ,
Æз мысын æндæры... Мæ хивæндæй ма мæн фæнды
Мæ рагбонтæ растын кæнын æмæ, чи зоны, искуы,
Кæй уарзтон, гъеуымæ дæр,
Дæу фенгæйæ, сагъæс æрхъара.
Мæ царды фæндæгтыл æз раст лæгæй зонын мæхи.
Хызта-иу мæ хион-æддагонæй алчи йæхи, —
Æгуыдзæг æррайау.
Дæуæн та мæ фенд у дæ рагуалдзæг æмæ дæ цин,
Æмæ дыл цæуын æз
Мæнгард æмæ хинæй.
Мæ раст уд — хуымæтæг: уыд хус къæцæл,
Баппар æй арты,
Æмæ дын ныггуыпп кæндзæн — рухс æмæ
Хъарм у дæ къона, фæлæ уый — рæстæгмæ.
Хуылыдз суг та бирæ фæсудзы,
Фæлæ
Йæ фæздæгæй ныхгæны нæ улæфæнтæ,
Нæ рухс кæны никуы.
Ды ахæм лæппумæ тырныдтай фæцæуын чындзы,
Уæд цы кæныс, мæ фынты рæсугъддæр,
Æгуыдзæг зæрондæй?..
Æрцу-иу Къуыдармæ, æмæ дын уæд ард хæрын,
Нæ дун-дуне Иры къæсæрыл кæй фæуд кæны, уымæй...
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 36 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | | | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ |