Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уарзты уæзæгыл

ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ | НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ | МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС | АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ | НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ | ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ | ТÆРС | ТЕЛЕФОН | ИРÆТТÆМ |


Читайте также:
  1. УАРЗТЫ ФÆНДАГ

***

Æз бæргæ уыдтæн цардæнхъæл...

Æз мæ удыл нæ ауæрстон,

Цæмæй Иры бæрзонд къæсыл

Дон нæ баззайа ауæзтæй.

 

Ничи, никуы уыд ахæм лæг,

Æз кæмæй зæгъон: хистæр у! —

Чи — æдылы, чи — кадуарзаг! —

Уæд кæй хъæуынц дæ риссæгтæ?

 

Раст куы зæгъай — фыдахин дæ,

Кæн къæбæрагур амæлттæ,

Уый æддейæ дæм, гъайда-гъа,

Фæсвæд фесхъиуынц хъаматæ.

 

Уæд цы фæдæ, нæ Уастырджи! —

Йе ирон лæджы амондæн

Нæй зæдбадæны артдзæсты,

Нæй «мæн у» зæгъæг абон дæр...

***

Цыма мæ удисыны бон

Ныллæууыд а райсом мæ къæсы:

Нырттывта хур, ныззары дон,

Нæй цъиуызмæлæг дæр æввæхсты.

Фынæй у хъæу, æрмæст ма хур

Йæ был ысдарынмæ æрхъавы

Фæсхохæй. Фæлæ дойнаг дур

Йæ цæуæнтыл кæны гуызавæ?

Уæд та ма фезмæлыд æмæ

Фæцъортт ласта йæ бынæй кæсаг,

Уæд ма кæмæ дзурыс, кæмæ, —

Кæныс æнусбонтæм æвæстаг.

Мæ цинты райгуырæн къæсæр!

Æрвырдынау, рæсугъд — дæ цæрæн:

Ныр исы алчи дæр йæ сæр

Дæ хæрзиуæг æмæ дæ фæрнæй.

 

Кæдæм, кæдæм лидзыс, ирон,

Дæ хорхаст байраг уа, дæ хуымæй? —

Цæудзынæ сæм, уа абон — сом,

Фæстæмæ уонгхаудæй, æрхуымæй.

Æвронгæй бамбардзынæ ды,

Нæ кæны алы фæндаг Риммæ! —

Лæджы цы ис, цы хорз фæнды,

Уый ис Ирыстоны, нæхимæ.

Дæ адæмыл нæ кодтай мæт,

Уæлæхох дæ сæ рис, сæ артыл,

Уæд ма дыл чи кæудзæни, уæд,

Дæ удæгас уа, йе дæ мардыл!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАРЗТЫ ФÆНДАГ| ИРЫСТОНÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.004 сек.)