Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уарзты фæндаг

МЫГГАДЖЫ СÆФТ | ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ | НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ | МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС | АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ | НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ | ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ | ТÆРС | ТЕЛЕФОН |


Читайте также:
  1. Уарзты уæзæгыл

Арвыл атылди сау мигъ,

Æмæ ахуыссыд бон...

Ау, дæ зæрдæ мыл атигъ,

Йе цы фæдæ, мæ бон!

 

Уарзт — уый уды фæндиаг,

Уымæн ивæнтæ нæй...

Уæд цы фæдæ, мæ цинаг,

Æви нал дæ мæнæй?

 

Цард æвæрæзæй хорз у, —

Ууыл хордтай ды ард, —

Афтæ сагсур поэттæн

Адæм амыдтой цард.

 

Æмæ баззайы рохы

Дондзиу доны къæсыл,

Æмæ а цардмæ, оххай,

Зинау, джихæй кæсы...

ФÆЗЗÆДЖЫ БОНТÆ

Æз бирæ æмдзæвгæтæ

Фæфыстон

Рæсугъд цардыл, амондыл,

Фæлæ сæ мæ цæсты кæронæй дæр

Никæд нæ федтон...

Цъæх арв æмæ рухс хур

Уыдысты мæ уды фырдиссаг.

Цы рæсугъд-рæсугъдтæ

Нæ куыдтой мæ хъал бæхы фæстæ

Мæ ацыдыл.

Ызнаг та-иу кодта фæсмон,

Ызнаг мæ кæй æнхъæлдта, ууыл,

Фæлæ афтæ у цард.

Мæ ингæны дуарыл-ма, —

Кæд мæ исчи æцæгæй дæр уарзта, —

Уæд ныффыссæд:

«Ам æрæнцад

ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ,

Тымыгъы уа, сау тары, —

Нæ зыдта йæ удæн æнцой,

Фæлæ,

Кæд растдзæни сыджыты арфæй,

Уый зын зæгъæн у...

Хæйрæг — йæ зонæг.

Рæстæгмæ уал — рухс...саг...»

Чиныг «Арты уидæгтæ»-йæ


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 60 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИРÆТТÆМ| Уарзты уæзæгыл

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)