Читайте также: |
|
Нæ рухс дунейæ та зæрин хуры тынтæ
Фæлидзынц фæсхохмæ.
Мæ уарзты рæсугъд зæд, мæ иударон зынтæй
Нæ баззайыс рохы.
Хъысмæты фæндоныл цы лæг нæ уа разы, —
Хъуырмæ вæййы мастæй.
Ныр уал азы дæргъы æз дардмæ дæу уарзын
Æнамонды уарзтæй.
Дæ фæлмæн цæстæнгас, кæрдæгхуыз хæрисау,
Æдзухдæр æнкъард у.
Æнæнцой æрбауа, дæ зæрдæйы рисыл
Цы лæппу фæради!..
Бæргæ йыл нæ хъæцин, мæ удлæууæн, оххай,
Æз иуварсыг уарзтыл, —
Мæ къæбæлдзыг бецыкк æрвылбоны тохы
Ысурс и ныр азтау.
Фæззыгон мæргътæ дæр дымгæты кæуынæй
Сæ удтæ фæхæссынц:
Дæу мысгæйæ, мæ бон, чъызгæйæ цæудзынæн
Мæ ингæны къæсмæ!..
***
Коцты Юляйæн
Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,
Ма сæ суæлдай кæ нæ фæсгпæ,
Ма сæ бафæллай...
Къоста
Мæ цард фæуы. Ныгуылы хур,
Ныр афтæ бафæллад мæ зæрдæ,
Æмæ дæ уындыл дæр, мæ хур,
Дывыдонау кæнын дызæрдыг.
Кæм не сты хорз: лæгдзинад, уарзт
Æмæ æхцон царды ныхæстæ,
Фæлæ-иу макуы ракæ хъаст,
Мæ удвæндиæгтæй, мæ рæстæй!
Кæд истæмæй уыдтæн æфхæрд,
Уæд уый — мæ райгуырæн, мæ къæсæй...
Хъæбулыл ам нæ кодтой мæт:
Цы хорз нæ уай — фæцæр дæ мастæй.
Сæттын: хъысмæтæй уыд æлгъыст
Мæ уд... Нал, хорзæхтæ нæ домы,
Фæлæ мæ райст-бавæрды фыст
Уыди мæ Ир æмæ Дæ номыл!..
МÆ ФЫДÆЛМÆ
Если убитому леопарду не опалить усов, дух его будет преследовать охотника.
Абесинаг æмбисæндтæн
Фыдæй-фыртмæ ныл нæмыг уары ихау,
Нæ карды цæф, — уа ромаг йе мангол,
Нæ урæдтой... Кæд мард лæгæн йæ рихи
Фæцарауын нæ бацыди сæ бон,
Æмæ та-иу уæгъд ингæны къæсæрæй
Ног растади мæ дард фыдæл,
Цæмæй,
Фыдызнаг макуы ма тона æвзæрæй
Йæ фæдоны, зæгъа: цы у, кæмæй?!
Уæдæ кæм дæ?! Кæй сæрыл кодтай тох,
Фæзæгъынц сæ: мыстулæг у хуызивæг, —
Ныр уымæй дæ, цъæнуты хосау, — рох,
Йæ уд — мæнгард, йæ ном та у
Гуырдзиаг...
Хуызивæг-гуырдзиаг, мæгуыр уа дæ бон,
Дæ бирæйæ Иры нæ тæрсынц, мæ бон:
Рæхджы та дæ къæсæй, —
Гъе уый дæр ма зон, —
Пысылмон кæндзæни йæхицæн фысдон!..
Мæ уаз фыдæл!
Ис алцæмæн кæрон,
Фæлæ та раст! —
Дæ ныфсы рухс ныл бафтау,
Цæмæй та Иры саг лæгтæ кæной
Фæсхæст кæрæдзийæн
Уæхсчы тъæппытæй арфæ!..
***
Нет мига в вечности, чтоб отдохнуть.
Ян Райнис
О, нæй æрæнцой а зæххыл... Лæгæн
Кæд, чи зоны ’мæ, доны къус дæр фаг у,
Фæлæ хъысмæтыл ахизæнтæ нæй,
Мæлæт зынвæндаг у, цæрын тæссаг у...
Зынвадаты нæ фæкæны фæдис
Мæгуыр æмæ ысхъæлзæрдæ ирон лæг:
Нытталынг дуне, ма-иу кæ ды дис,
Тæккæ райсом кæндзæни, мæ хур, бон дæр.
Гъе ахæм цинтæй ацæуы нæ цард,
Æмæ йыл, бецау, чи фæкæны дистæ:
Нывонд галау æрхауы уæд йæ рад, —
Сыджыты хъарммæ ахæссæм нæ ристæ.
***
Ты с песней живешь,
Я с песней умираю.
Педро де Рохас
Хъыцъыдæттæ мын бадардтай, Хуыцау! —
Æвæццæгæн, дæ коммæгæс нæ фæдæн.
Нæ дын куывтон, фыдæнхъæлау, фыдæнæн,
Хъыджы уа, цины, йе мæм уа æхца.
Дæ рæстдзинадыл ахуыр кодтой мæн,
Нæ йæ федтон æз а царды мæ цæстæй.
Дæ кувæндæттæм нал цыдтæн æввæхсты,
Мæ хъуыды уыд: кæмæн æмæ цæмæн!
Ныккалдтай мыл уæд ды дæ хинты хин:
Паддзахы фыдæх, сонт чызджы рæумитæй
Мæ тæвд туг кодта дадзинты æдзынæг,
Фæлæ уæддæр нæ айсæфти мæ цин.
Хъуырмæ — цæссыгæй, гъе уæддæр ма, зинау,
Тæккæ райсом æз заргæйæ мæлдзынæн!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 64 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ | | | ТÆРС |