Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ

ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ | ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ | БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | РУХС ИЗÆР | КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ | ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД | МА ТÆРС... | АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  5. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  6. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Хуры рухс тын фæбыры арвыл,

Фехсы кæмттæм йæ хъарм — йæ ад,

Раст, гъе, афтæ дæ къæсмæ хъавы

Саг поэтæн йæ фат.

 

Уый фæтæхы бæрзонд-бæрзæндты,

Риутыл уадзы тæлмау йæ фæд,

Уæд йæ зынтыл уа йе йæ сæфтыл

Лæг ныхъхъæцы: — цы уа, уый уæд!

 

Нæй цæрæгой, лæгæй уа ницы, —

Иу фæрныг куысты чи нæу уаз,

Фæлæ иубон фæкæны хицæн

Уымæй дзыллæты раз:

 

Пъа ныккæны йæ гауызæн богал,

Арвы риуæн фыртау — тæхæг,

Æмæ кардзыд кæны æвзонгмæ

Уæд рæдауы хæлæг.

 

У, поэзи, мæ сар дæ сæнттæй, —

У дæ дзæмбыты хъулау лæг,

Фæлæ иу хорз мæнæн дæр радтай:

Æз нæ кæнын хæлæг!..

 

У æрдзон фæтк: дæ къæсæй хицæн

Нæй, тъымы-тъыма, нæй, лæгæн...

Æз — фыдахин, дæ хъыг, дæ цинæй

Дæн бынихсыд, уæвгæ.

 

Фæлæ царды цы зын, цы хорз и,

Уымæ лидзын. Кæнын лæгъстæ:

Гъæй, цы фæдæ, Бæрзонд Поэзи, —

Кæрты саргъы бæхтæ!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆЗЗÆГ| НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)