|
Чыртæй-чыртæй æмызмæлд кодтой дзыллæ
Йæ равдысты. Йæ сæр уыди йæ кой, —
Цымæ йæхиау адæмæн сæ фылдæр
Йæ куыстыты лыстæг хъæнтæ уыдтой.
Уæзданарæзт дзыхы ныхас, сæ кондæй...
Сæ быны митау гауызтæ — сæлæф,
Уæд уымæн та йæ хъулæттæ хæдонæй
Æлгъыстау калди ахорæнты тæф.
Чи хъалзæрдæ, кæмæн нæ уыди адæн,
Кæй нæ ис къуымты адæмæй ысцух, —
Æмæ-иу худгæ сусæг-æргом цадæг
Æрытыхта йæ уарзоныл йæ къух.
Уæд чидæр та йæ хины митæ уафы, —
Хуыцауыскондæй уый хуызæн кæм ис: —
Æнæмбæрсту! Куыддæр цыма... Гъы... Афтæ...
Æниу, уæвгæ... Уæвгæ, цыдæр дзы ис!
Фæлыгъд нывгæнæг удæнцой æрмадзмæ.
Тæвдæй ныддардта цыхцырæгмæ сæр.
Ныффæллад и. Ныр, гъа, йæхи æруадза, —
Йæ цæстыты зынг акалдта цæхæр,
Фæзылд æваст йæ тыгъд хъуымац, йæ сисмæ,
Æрвæрдынау, йæ ахорæнтæ — ’взæрст...
Æмæ та уыд цыбыр дугмæ йæ рисæй
Пехуымпарау ирвæзт:
Уый сныв кодта, быдзæуы размæ халон
Куыд хæссы тагъд-тагъд фаджысрагъæй хъæмп.
МУЗÆМÆ
Хъазгæмхасæн
Поэты уæздан зæд —
Фыдхин æмæ карз,
Нæ былтыл нын бакæныс цъутта.
Ныззоныгта кæнæм дæ галуаны раз,
Цæмæй ныл сæрбæрзондæй худай...
Уæд сау хохы рувасау
Сайаг кæй дæ, —
Йæ мид-зæрды алчидæр зоны,
Уæддæр дæ чи нозтæй, чи царды кæйттæй,
Фыдбонау йæ къæсæрмæ хоны.
Æз нал кæнын абон
Дæ номыл куывдтæ, —
Мæ сис дæ фыры хъулау хъазы:
Дæ тагъд-тагъд дзымандытæй уаздæр дзырдтæ
Куысты бон лæудзысты мæ разы.
Дæ фæзындмæ рæстæг нæ кæсы, тæхы,
Нæ цард та æрвылбон дæр тох у...
Тæрсын: уый дæ сыгъдæг ном ацы зæххыл
Поэттæй куы аззайа рохы!..
***
Миклош Раднотийæ
Поэт дæн æз. Ам никæйуал хъæуын...
Æгомыгау хъуыр-хъуыргæнгæйæ хилын,
Мæ уæлхъус зинау иу чидæр лæууы, —
Мæ дзуринæгтæ сты йæ хъуыддаг иууыл.
Къæрцхъус дызæрдыг рагæйдæр йæ цæст
Мæнæй, мæ хур, йæ фыны дæр нæ исы...
Поэт дæн æз. Дæн судзинаг æрмæст,
Кæй дæн рæстдзинады æвдисæн!
Кæй зонын: арв цъæх у, сæнт урс — зымæг,
Сырх-сырхид туг æмæ æндæртæ...—
Стæй ноджыдæр, кæй нæ уыдтæн тызмæг
Æмæ лæгмар кæйдæртау!..
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 43 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | | | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ |