Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ

БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... | РУХС ИЗÆР | КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ | ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД | МА ТÆРС... | АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | ФÆЗЗÆГ | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  5. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

...Æмæ чи зоны аива цард, —

Кæдæй махдæр нæ нымайæм бонгай,

Ног ыздæха, кæмæй хордтон ард,

Уыцы рагон æвзонгад.

 

Артау сисой сæ базыртыл мæн,

Уадз, поэзийы зæлтæ, —

Ног æрцæуой мæ къæсмæ, хъæмæ

Хохаг сатæг изæртæ.

 

Риуы айсæфа ницæйаг мæт

Ницы-мацытыл царды,

Уа мын арвы бын сусæг дзæнæт,

Лæг кæм фæцæры кад æмæ радæй.

 

Уæд æрхонин дæу уырдæм, мæнгæй

Кæд нæ дзурынц: нæу мысæггаг аргъау!..

Уым æхсыры хъæндилтæ, бæргæ,

Мæхæн бонмæ лæууиккой цырагъдар.

 

Хохбæрзæндтæй рæудымгæ хæссид

Нозтау иухурон хосы тæф хъалæй;

Сисид хæфс дæр йæ зарæг — йæ сидт,

Кæсаг арцау фæцъортт кæнид малæй.

 

Æз æруадзин мæ къухтæ фæлмæн

Уæддæ рустыл: ныббар мын мæ азым!..

Æмæ гъеуæд фæкæсид дæумæ,

Цыма де скæнæг бады дæ разы.

 

Иунæг иу уд нæ базонид уæд,

Мах нæ уарзтыл кæй бакодтам хъоды...

Æмæ царды та арæхдæр кæд

Даутæ, хахуыртæ бадомынц зонды.

 

Æз ыскувин фыццаг хатт:

— Хуыцау,

Кæд дæу зонæм æцæгæй дæр растæй,

Уæд Амранау нæ удты рæдау

Ма дар къæдзæхмæ бастæй,

 

Æмæ сонт лæгæн царды тызмæг

Макæд, макуы уæнт зонгæ!..

Стæ-ма, хохагæн зиу у фæззæг:

’Нæхъæн комбæсты — хонгæ!..

***

Адæмæй арæхдæр хъусын дæ амонды кой:

Галуан — дæ цæрæн,

Зæрдæ цæмæй нæ уа рухс та!

Хурау дæ саг лæг

Иу уысм нæ ары æнцой,

Уазал доны дæр нæ уадзы

Ыстулын

Дæ къухтæ...

Ихы къæрггытау

Дæ рæсугъд цæсгомыл —

Йæ пъатæ...

Чи нæ уæ зоны,

Бæллиццаг кæмæн нæу уæ цард!

Фæлæ цæуыл у дæ катай, —

Хуыцау дæр нæ зоны,

Æмæ фæзæгъынц:

— Йæ фырхъалæй кæны æнкъард!

***

...Æмвæтæнæй ивылы денджыз дæр,

Хыссæйы тулайау — йæ уылæнтæ.

Дæуæй ма цы рухс амонд фендзынæн, —

Зын мæм кæсы хъусын дæ улæфтмæ.

 

Дæ уындæй сæрыстыр дæ, райгонд дæ...

Фыруæздан, — ис царды цин ахæмтæн:

Дæ рæсугъд æрдзæй конд у, райгуырдæй, —

Йæ рæстæг у абадæй-ахæрмæ.

 

Хъыг мæм кæсы иу хъуыддаг: а царды

Дæ улæфт ысыхъуысти: уарзын дæ! —

Уæд ихдон ныккалдтай дæ артдзæстыл,

Дæ рæстаг цард баивтай хъазыныл.

 

Цæргæ-цæрæнбонты дæ къонамæ

Мæ былы цъæрттæ дæр фæхордтаин...

Кæй нæ хъæуыс, уыдон та, зонын æй,

Фæхъазынц дæ сонт удæй портийау.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 41 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ| СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)