Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Къостайы цырты раз

ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ | ЧЕСЕЛТГОМ | ПОЭТÆН | ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ | ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ | БАЛЛАДÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆЙЫЛ | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... |


Читайте также:
  1. АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ

Ам хъуамæ сабыр уа. Ам сойныхас нæ фæтчы.

Ам хъуамæ зарæг уа — нæ дзы фæтчы кæуын.

Рæстæвзар сонт удæн йæ хъизæмар — йæ фæтк у,

Цыргъæссад хъамайæн йæ урс комыл цæуы.

 

Фыддон-фыддуры дæр хæрæмигъæй фæзыны

Йæ нысаны бæрзонд стъалы — йæ фын...

Цыма пехуымпарау зæры бонмæ нæ уыны:

Цы у æцæг амонд æмæ æцæгæй зын?!

 

Ам хъуамæ сабыр уа. Раст аргъуанмæ цæуæгау

Цыфыддæр сау лæг дæр фæзæгъа-иу æргом,

Кæй у æлхæнгæ ном тæссонд фынкау рæстæгмæ,

Æнусон та — сыгъдæг уды цæсгом!..

 

Æмæ куы нызгъæлынц сæ иударон ныхæстæ, —

Йæ мæнгæй раст чи у, йæ фырзыдæй — рæдау,

Уæд мæм кæсы: фæлитойæн йæ хъæстæ

Нæ царды зиугæрсты у дзул æмæ мыдау.

 

Бæрзонд Къоста! Дæ нæргæ фарн нæ сысы,

Хæссы йыл саби дæр йæ авдæнбастмæ рæз...

Ам хъуамæ сабыр уа æмæ дзы хъуамæ хъуыса

Рæстдзинад æмæ Намысы Хъæлæс!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 40 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
РУХС ИЗÆР| ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)